Æвзӕр гъӕд ӕви вандализм: Кӕй аххос у Октябры уынджы мӕгуырау хуыз

© Sputnik / Natalia Airiyan Октябры уынг
Октябры уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Октябры 1,7 километры дӕргъӕн уынджы арӕзтад цыд 2015 азы фондз мӕйы дӕргъы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты, бахардз ыл 100 милуан сомӕй фылдӕр ӕмӕ уый хыгъд ссис горӕты иууыл зынаргъдӕр ӕмӕ аивдӕр уынг

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицӕйы рӕсугъддӕр уынгтӕй иу - Октябры уынг рацух ис йӕ фидыцтӕй - уынгыл уӕвӕг рухсытӕй ма кӕмдӕр ӕрдӕгцъӕлтӕй лæууы иугӕйттӕ, ӕнгӕс хъысмӕт баййӕфта бырондӕттӕ ӕмӕ бандӕтты дӕр. Иутӕ аххосджын кӕнынц аразджыты, кӕцытӕ ӕнӕбары ӕрмӕгӕй сарӕзтой бандӕттӕ ӕмӕ бырондӕттӕ, аннӕтӕ та адӕмы ӕнӕаудгӕ ахаст.

© Sputnik / Natalia AiriyanОктябры уынджы рухсытӕ
Æвзӕр гъӕд ӕви вандализм: Кӕй аххос у Октябры уынджы мӕгуырау хуыз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Октябры уынджы рухсытӕ

Цхинвалы Октябры 1,7 километры дӕргъӕн уынджы арӕзтад цыд 2015 азы фондз мӕйы дӕргъы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты, бахардз ыл 100 милуан сомӕй фылдӕр ӕмӕ уый хыгъд ссис горӕты иууыл зынаргъдӕр ӕмӕ аивдӕр уынг. Дӕргъӕй-дӕргъмӕ йыл ис ӕнусон наз бӕлӕстӕ, сӕ аууоны бандӕттӕ, изӕрыгон рӕсугъд къуымы бакаст ноджы аивдӕр ӕвдыстой фонарьтӕ.

Фондз азмӕ аив къуым кӕй "бантыст" ныддӕрӕн кӕнын, уый адӕмӕн сӕхи аххос кӕнынц, фӕлӕ ма дызӕрдыггаг у сӕ арӕзты гъӕд дæр.

© Sputnik / Natalia Airiyan Октябры уынджы рухсытӕ
Æвзӕр гъӕд ӕви вандализм: Кӕй аххос у Октябры уынджы мӕгуырау хуыз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Октябры уынджы рухсытӕ

Горӕты цӕрӕг Хаситы Михаилы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дунейы алы ран дӕр ныр ӕвӕрынц "антивандалон" фонарьтӕ, Октябры уынгыл кӕй сӕвӕрдтой, уыдон та сты цӕхӕрадӕттӕн.

"Ацы ран 70% у ӕрмӕджы ӕнӕбары гъӕд, аннӕ хай та адӕймаджы фыдракӕнд. Нӕ хъӕуы нӕ адӕмы аххос кӕнын. Дунейы алы ран дӕр муниципалон службӕтӕ ӕвӕрынц антивандалонтӕ. Иу ахӕм та сӕ бырондӕттӕ сты, мӕхи цӕсты раз дзы иуӕн дымгӕ йӕ сӕр фелвӕста", - загъта уый.

Уый ма радзырдта, зынгӕ хуыздӕр гъӕд кӕй ис горӕты скверты ӕмӕ паркты фонарьтӕн.

"Стыр парчы ӕмӕ ног скверы хуыздӕр гъӕд сты. Стӕй ма Октябры уынджы сӕрмӕ цы уӕлфыст бакодтой, уый дӕр у худинаггӕнӕг - Ирыстоны алцыдӕр Уӕрӕсейы финансон ӕххуысӕй арӕзт цӕуы, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ нӕу ӕмӕ йӕ алы цӕджындзыл дӕр фыссой", - бафтыдта Михаил.

© Sputnik / Natalia AiriyanОктябры уынджы рухсытӕ
Æвзӕр гъӕд ӕви вандализм: Кӕй аххос у Октябры уынджы мӕгуырау хуыз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Октябры уынджы рухсытӕ

Горӕты администрацийы пресс-службӕйы та сидынц аудгӕ ахаст дарын горӕты ӕддаг бакастмӕ, Окрябры уынджы цы ныппырх кодтой, уыдон саразынӕн та сӕм нӕй фӕрӕзтӕ.

Арӕзтады министрады дӕр Sputnik фехъусын кодтой, уынджы гарантион ӕмгъуыд кӕй ацыд.

"Йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр арӕзт ӕрцыд гӕххӕттытӕм гӕсгӕ", - бахахх кодтой министрады.

Цалынмӕ адӕм ӕмӕ хицауад аххосджынты агурынц, уӕдмӕ уал Октябры уынг кӕсы мӕгуырау хуызы бынӕй, ӕмӕ йӕм хъусдард кӕд аздахдзысты, уый дӕр бӕрӕг ничи ма зоны.

© Sputnik / Natalia Airiyan Октябры уынг
Æвзӕр гъӕд ӕви вандализм: Кӕй аххос у Октябры уынджы мӕгуырау хуыз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Октябры уынг
Ног хабӕртты лентӕ
0