Гæззаты Иван: архайын ирон æрмдæсныйы аивад бахъахъхъæнын

© Дриаты ЛейлаГæззаты Иваны куыстытæ
Гæззаты Иваны куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Иваны куыстытæ се ‘ппæт дæр сты Ирыстонимæ баст -хъæууон хæдзары, аргъуаны, стадионы, телеуынынады бæстыхайы халдих æмæ бирæ æндæр макеттæ

ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik, Дриаты Лейла. Рагæй-æрæгмæ дæр ирон адæм стыр аргъ кодтой къухæй арæхстджын æмæ курдиатджын адæмæн. Адæймаг æнувыд цы куыстыл вæййы, æхцондзинад ын æрмæст уый хæссы.

Кæркуысты Сикъойы куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нывгæнæг, скульптор æмæ хосгæнæг: кæд сæнусон кæндзысты Хуссар Иры Кæркуысты Сикъойы ном

Нæ алыварс ис бирæ æвзыгъд адæм, фæлæ сæ адæм нæ зонынц, уымæн æмæ сын сæ куыстытимæ зонгæ не сты. Уыдонмæ хауы Гæззаты Иван дæр. Уый æрмæст хорз журналист нæу, фæлæ ма йæ чысылæй фæстæмæ кæны æрмдæсныйы куыст дæр. Уал азмæ йын цы бантыст саразын, уыдоны нымæц æгæрон у. Фæлæ ныр дæр æнцад нæ бады.

"Скъахтон-иу зæронд хус бæлæсты уидæгтæ æмæ-иу сын радтон цæрæгойты, сырдты, мæргъты, адæймæгты формæ. Бæлæсты къалиутæй-иу сарæзтон алыгъуызон сувениртæ. Стыр æхцондзинад истон хъæдæрмæгимæ архайынæй", - радзырдта Иван.

Адæймаг къухæй конд дзаумамæ æндæр цæстæй ракæсы, уымæн æмæ уыцы дзаумайы æвæрд вæййынц зæрдæйы хъуыдытæ. Аразы, цы йын уайы иууыл хуыздæр, уый. Курдиатджын æрмдæсныйы къухты хуымæтæг хъæдæрмæджы хай райсы рæсугъд формæ. Иваны куыстытæ се ‘ппæт дæр сты Ирыстонимæ баст.

© Дриаты ЛейлаГæззаты Иваны куыстытæ
Гæззаты Иван: архайын ирон æрмдæсныйы аивад бахъахъхъæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Иваны куыстытæ

Иу ахæмы йæ бафæндыд хъæдæрмæгæй хъæууон хæдзары макет саразын, уый фæстæ та аргъуан, стадионы макеттæ, телеуынынады бæстыхайы халдих æмæ бирæ æндæр макеттæ саразын. Нæ республикæйы администраци расидт конкурс горæты æрбахизæны "Алайнаг къулдуар" саразыны тыххæй. Гæззаты Иван ацы конкурсмæ бавдыста йæ макет.

Иннæ ахæм та сты Иваны къухтæй арæзт скъаппытæ, стъолтæ, алыгъуызон цæрæгойты сувениртæ - уыдон фенæн ис газет "Хурзæрин"-ы редакцийы, цы ран кусы Иван, иуæй-иу кабинетты.

Александр Джиоты - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фондз ӕхсӕв Фреддиимӕ": хæдахуыр скульптор Джиоты Александры фæндаг аивадмæ

Иван ма ирон адӕмы геноциды 100 азы цытӕн цалдæр боны размæ сарæзта макет. Равдыста сыгъд ирон хъæуты, цас æбуалгъ фыдæбæттæ бавзарын кодтой, цас зиæнттæ æрхастой ирон адæмæн сæ цыфыдтæр знæгтæ, уыдæттæ.

"Адæймаг цы дæсныйады фæндагыл ныллæууы, уый хъуамæ хæсса æхцондзинад æмæ пайда æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ ма йæ алфæмблай цы адæм ис, уыдонæн дæр", - загъта Гæззайы фырт.

Адæмы хорзæхæй стырдæр хорзæх та нæй а-зæххыл. Лæгæн йæ авдæнæй йæ ингæнмæ Хуыцау цас рæстæг радта, уыцы æмгъуыд хъуамæ йæ адæмы раз къæмдзæстыг мацæмæй уа, нымайы Иван. Æнæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ, æнæ намысæй фæцæрæн нæй. Уый у стыр цæлхдур нæ абоны царды размæцыдæн. Хъуамæ алы адæймаг дæр йæ хæс зона: кæй у æхсæнады уæнг, кæй йæ хъæуы фæллой кæнын, йæ дарддæры цард аразын.

Ноджыдæр фæрнæй кус, Иван, æмæ дæм бирæ азты стырдæр æнтыстытæ æфтæд. Дæ сызгъæрин къухтæ фæрнæй фæдар. Къухæй дæсны чи у, ахæм специалисттæ кæддæриддæр хъæудзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0