"Фӕнды мӕ зӕгъон ын бузныг": цхинвайлаг чызг августы хӕсты йӕ ирвӕзынгӕнӕджы тыххӕй

© Фото из личного архива Альмы ВалиевойУалыты Альма йы чызджытимæ
Уалыты Альма йы чызджытимæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæсты райдианы радон датæ куы рхæццæ вæййы, уæд та Уалыты Альмайы зæрдыл уыцы бонты бæллæхтимæ иумæ æрлæууы, цыфæнды уавæрты дæр кӕй ис фадат хорздзинад тауынæн

ЦХИНВАЛ, 7 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг чызг Уалыты Альмайӕн 12 азы размӕ гуырдзиаг-ирон хӕст йӕ хъуыдыйы баззад ӕнӕрлӕугӕ ӕхст, горӕты уынгты гӕрахгӕнгӕ цӕугӕ танктӕ, тасы мидӕг бонтӕ ӕмӕ ӕхсӕвтӕй ӕмӕ ӕнӕзонгӕ ирвӕзынгӕнӕгӕй, кӕцыйы чызджы фӕнды ссарын ӕмӕ йын зӕгъын бузныг.

2008 азы августы фыццаг бонты Хуссар Ирыстоны уыд хӕстон уавӕр, нырма горӕтмӕ знаджы ӕфсад не рбахызт, фӕлӕ тохтӕ цыдысты арӕнмӕ хӕстӕг. Столицӕ ӕппынӕдзух уыд хӕсты хъӕры бын. Фӕлӕ ацы уынӕрӕй перманентон хӕстыл ахуыр адӕм уый бӕрц нӕ тарстысты, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый гуырахст нырма не ʻмбӕрстой.

Альма уыцы рӕстӕджы куыста паддзахадон телеуынынады ӕмӕ аннӕтау 7 август арвыста куысты.

Лолоты Альберт  (астӕуӕй) йӕ хӕлӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фервӕзын ӕнхъӕл нал уыдтӕн": куыд фехӕлдта Хуссар Иры хӕст Лолоты Альберты цард

"Ӕвдӕм августы ма мӕ сыхӕгтӕ лыгъдысты Дзӕуджыхъӕумӕ, фӕлӕ мын мӕ мад нӕ разы кодта ацӕуын, ӕнӕ уымӕй та ӕз нӕ цыдтӕн. Аннӕмӕй та кусгӕ кодтон", - дзуры Альма.

7-ӕм августы изӕрырдӕм ӕгас горӕты дӕр цыд ӕхсты хъӕр, адӕм куыстытӕй ӕмбӕхсгӕ цыдысты хӕдзӕрттӕм.

"Заводы уынджы ӕмдзӕрӕндоны дыккаг уӕладзыджы цардыстӕм ӕмӕ куыд изӕр кодта, афтӕ ӕхст тынгӕй-тынгдӕр кодта. Ӕрдӕгӕхсӕв ахуыссыд рухс. Ӕхст тынг кодта ӕмӕ мах дӕр ӕрхызтыстӕм ныккӕндмӕ", - мысы уый.

Республикӕйы алы къуымты цырын кодта хӕст, знаг канд арӕныл нал уыд, фӕлӕ ӕввахсӕй ӕввахсдӕр кодта Цхинвалмӕ.

"Иуӕй иннӕ ӕвзӕрдӕр хабӕрттӕ нӕм хъуыст. Иу рӕстӕджы схызтӕн цыппӕрӕм уӕладзыджы балконмӕ ӕмӕ Тулдзы къохмӕ акастӕн. Уыцы рӕстӕджы танк фехста горӕты рдӕм, нӕмыг кӕцы корпусыл сӕмбӕлд, уымӕн ницы бамбӕрстон, фӕлӕ фыр тасӕй куыд ныххӕццӕ дӕн ныккӕндмӕ, уый дӕр нал хъуыды кӕнын", - бафтыдта чызг.

Фӕстӕдӕр хӕдӕфсады минӕвӕрттӕ ныккӕнды бадӕг сабыр цӕрджытӕн загътой, цӕмӕй ацӕуой уазӕгдон "Алан"-ы бын бункермӕ.

"Мӕнмӕ гӕсгӕ уыд 8 августы изӕр, куы нын загътой, ахсӕв дам горӕтыл калдзысты бомбӕтӕ. Фӕндӕгтыл азмӕлӕн нӕ уыд донӕй, бӕласы къалиутӕй, ӕввахс нӕм сыгъд Нефтебазӕ. Мах ссыдыстӕм уазӕгдонмӕ", - дзуры дарддӕр Альма.

"Алан"-ы бын бункер уыд адӕмӕй йедзаг ӕмӕ уыдон дарддӕр ацыдысты ӕртыккӕгӕм скъолайы ныккӕндмӕ. Бон фӕстӕдӕр та сабыр цӕрджыты кӕнын райдыдтой Дзаумӕ.

© Фото из личного архива Альмы ВалиевойУалыты Альма йы чызджытимæ
Фӕнды мӕ зӕгъон ын бузныг: цхинвайлаг чызг августы хӕсты йӕ ирвӕзынгӕнӕджы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уалыты Альма йы чызджытимæ

"Автовоказалӕй кодтой адӕмы, мах дӕр иу стыр уӕзласӕн машинӕ баласта Хуыцъейы скъолайы размӕ. Загътой нын, Дзӕуджыхъӕуӕй кӕй ӕрцӕудзысты автобустӕ ӕмӕ нӕ кӕй акӕндзысты", - бафтыдта уый.

Хӕстфӕллад лигъдӕттыл рӕстӕг цыд цъусгай, автобустӕн сӕ кой дӕр нӕ уыд, хӕдтулгӕтӕ цыдысты йедзагӕй, уромӕг нӕ уыд. Афтӕмӕй, фӕндӕгтыл лӕугӕйӕ Альма, йӕ мад, йӕ фыды хо ӕмӕ сӕ сыхӕгтыл баталынг, сӕ ныфс дӕр цадӕггай асаст.

"Ӕхсӕвы 11-мӕ уыдыстӕм уым, уынджы. Фӕллад ӕмӕ тыхст хуызы лӕууыдтӕн фӕндаггӕрон. Бацыд мӕм хъахъхъӕнынады министрады формӕйы 40 азы кары фӕтӕнтӕ нӕлгоймаг. Уый мын афтӕ, Дзӕуджыхъӕуӕй дам ӕрцӕудзӕн дзулласӕн хӕдтулгӕ ӕмӕ дам уӕ арвитдзӕн ууыл", - мысы чызг.

Уадиссаг сӕ уырнгӕ дӕр нал кодта, фӕлӕ нӕлгоймаг йӕ ныхасы лӕг разынд ӕмӕ лигъдӕтты къорды арвыста Дзӕуджыхъӕумӕ.

"Тъехо мӕ хонынц - ӕрмӕст нын уый загъта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ фӕнды ссарын уыцы адӕймаджы ӕмӕ йын хуымӕтӕг бузныг зӕгъын йӕ лӕггады тыххӕй", - балхынцъ кодта уый.

Альма хӕсты фӕстӕ чындзы ацыд, ныр цӕры Дзӕуджыхъӕуы, хъомыл кӕны дыууӕ чызджы- Виктория ӕмӕ Елизаветайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0