Фарны хабӕрттӕ алы хӕдзармӕ дӕр: постхӕссӕг йӕ зын, фӕлӕ ахсджиаг куысты тыххӕй

© Sputnik / Дриаты ЛейлаПостхæссæг Кæрчиты Вера
Постхæссæг Кæрчиты Вера  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæрчиты Вера постхæссæгæй кусын æрæджы райдыдта. Уый адæмæн лæггад кæны, сæ зæрдæтæм сын хæссы фарны æнкъарæнтæ, афоныл сын байуары, цы газеттæ æмæ журналтæ рафыссынц, уыдон

ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik, Дриаты Лейла. Ныры рӕстӕджы –интернет ӕмӕ массон коммуникациты дуджы уӕддӕр газеттæ, журналтæ æмæ чингуытæ æнгом баст сты адӕмы цардимæ. Зæгъæм, республикӕйы цӕрджытӕ кӕд интернеты руаджы базонынц дунейы ӕрцӕугӕ хабӕртты тыххӕй, уӕд бынӕттон мыхуырон рауагъдты фӕрцы та адæймаг лæмбынæг æмæ арфдæр базонгæ вæййы ирон æгъдæутты мидисимæ, фæзминаг адæмты цардвæндагимæ, хъомыладон фарстатимæ… Ацы хабæрттæ къухы бафтынц постхæссæджы руаджы дæр.

Козаты Валя йæ ахуыргæнинæгтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сабитæ - мæ цин æмæ мæ уарзт": Козаты Валя йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ куысты тыххӕй

Кæрчиты Вера постхæссæгæй кусын æрæджы райдыдта. Уый адæмæн лæггад кæны, сæ зæрдæтæм сын хæссы фарны æнкъарæнтæ, афоныл сын байуары, цы газеттæ æмæ журналтæ рафыссынц, уыдон. Хæссы сын сæ пенситæ æмæ ӕндӕр фиддонтӕ дæр.

Вера ацы бæрнон куысты цы цыбыр рæстæг кусы, уым ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой, ирон сылгоймаджы миниуджытæ йæ туджы кæй сты, куыстуарзаг, хæрзæгъдау, хæрзæфсарм кæй у, уый тыххæй. Кæд иудадзыг къахыл лæууы, уæддæр æй фæлладгъуызæй ничима федта, адæмимæ дзуры фæлмæнæй, раст цыма йæ хиуæттæ сты, уыйау.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ куыст иууыл æнцонтæй нæу, уый удуæлдай фыдæбон домы сæрдæй, зымæгæй, æнтæф уа æви къæвда уара, уый нæ хатгæйæ. Уыцы уæззау хызын, газеттæ æмæ журнæлттæ йедзагæй сæккой кæнын æмæ йæ уынгты æрвылбон цалдæр километры хæссын бирæты бон нæ бауыдзæн. Ам фыццаджыдæр, адæймаг хъуамæ уа æнæниз, куыстхъом, стæй йæ исты хъуамæ разæнгард кæна, ома, адæмæн хорздзинад хæсса æмæ йын хорз мызд фидой йæ фыдæбонæн", - зæгъы Вера.

Дæргъвæтин æмæ цымыдисаг у постæн йæ истори. Адæм ын йæ лæггæдтæй пайда кæнынц 18-æм æнусæй фæстæмæ, æмæ абон дæр у ахадгæ.

Цард бирæвæрсыг у, æмæ дзы алы къабазы дæр чи цы куыстыл хæст у, уыдонæй иуæй дæр æвзæр зæгъæн нæй, иууылдæр хъæугæ кæнынц нæ царды æмæ сæрмæ хæсгæ сты. Нæ республикæйы адæмыл чи хъуыды кæны, сæ цин æмæ сын сæ зын зæрдæйæ чи æнкъары, фарны хабæрттæ сын чи хæссы сæ хæдзæрттæм, уыдонæн зæрдæбын арфæтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0