Хуссар Иры аивдæр хъæу: меценат аразы кувæндæттæ Цъорбисы

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры аивдæр хъæу: меценат аразы кувæндæттæ Знауыры районы
Хуссар Иры аивдæр хъæу: меценат аразы кувæндæттæ Знауыры районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты азы размæ бафæндыд йæ райгуырæн хъæу Цъорбисы сæрмæ къуылдымæй скæнын хæрзарæст кувæн къуым. Хъæдрæбын уыдзæн кувæндон, аргъуан, дзæнгæрæгдон, фонтан, мæсгуытæ æмæ Гомарты дзуармæ бацæуæны æрдынæг

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Цъорбисы хъæуы сæрмæ къуылдымыл фæуд кæны егъау кувæн комплексы арæзтад. Йе сконды ис рагон мыггаджы дзуар, рæстдинон аргъуан, фæлдыст æмæ бацæуæн мæсгуытæ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цъорбис
Хуссар Иры аивдæр хъæу: меценат аразы кувæндæттæ Цъорбисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъорбис

Цъорбисы ногдзинæдтæ арæзт цæуынц Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Тедеты Дзамболаты фæндон æмæ хæрдзтæй. Кувæн бынаты арæзтæдтæй дарддæр фæстаг дыууæ азы ивындзинæтæ сæ фæд ныууагътой хъæуыл дæр. Йæ тæккæ центры Пронейы доны сæртыл хид фæуд кæны цалцæг. Ӕнцойгæрæнты кæрæтты дыууæ фарс дæр æрбынат кодтой фæйнæ дыууæ æфсæн фыранкы, уыдон хъызгæ кæсынц æрбацæуæгмæ.

"Кавказаг фыранктæй цыппар сæвæрдтой хиды хъустыл. Хид йæхæдæг кæны Тедеты мыггаджы кувæн бынæттæм æмæ у Цъорбисы хъæумæ бахизæн. Дамгъæ "Т"-йæ та нысан кæнынц Тедеты мыггаг сæхи", - загъта арæзтады кусæг Рубен Абрамян.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цъорбис
Хуссар Иры аивдæр хъæу: меценат аразы кувæндæттæ Цъорбисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъорбис

Хидæй чысыл фалдæр хъæуы астæу дæр хæрзарæзт цæуы сæрибар территори хъæуы административон бæстыхæйтты цур. Ам хъуамæ арæзт æрцæуа чысыл фæзуат, йæ фидыц та уыдзæн генералиссимус Иосиф Сталины бæрзонд цырт.

"Ӕртæ метр уыдзæн йæ бæрзæнд. Дзамболаты бафæндыд, йæ хъæуы центры цы фæзуат цæттæ кæны, уый баххæст кæнын советон фæтæджы цыртæй", - загъта арæзтады къухдариуæггæнæг Тедеты Георгий.

Сæйраг арæзтæдтæ, кæцытæ ныфс дæттынц ам скæнын Хуссар Иры иууыл уындджындæр цæрæн пункт, сты хъæуы сæрмæ къуылдымыл. Ивгъуыд аз ам сæвзæргæ арæзтадон фæзуат бонæй бон уæрæхдæр кæны. Раздæр ацы уæлвонг бынаты уыд мыггаджы уæлмæрд æмæ æрдæгкалд кувæндон.

"Мыггаджы дзуар арæзт фæцис, йæ раздæры хуызы йæ сарæзтам. Ныр ма йæм хъæуы бахæссын уазнывтæ, кæцытæ сæрмагондæй саразын кодтам. Йæ фарсмæ 20 метры бæрзæндæн мыггаджы мæсыг арæзт куы фæуа, уæд сæ афлæмбылай дæр фæуындджындæр кæндзыстæм", - дзуры Тедеты Георгий.

Уæлмæрды æмбондгæрæтты ис фæлдыст мæсгуытæ арæзтады инициаторæн йæ фыд Илья, йе 'фсымæр Ибрагим æмæ фыды æфсымæр Хъазбегæн. Бахизæн хъахъхъæнынц æфсæн домбайтæ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
© Фото из архива Георгия ТедееваТедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
© Фото из архива Георгия ТедееваТедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
© Фото из архива Георгия ТедееваТедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
© Фото из архива Георгия ТедееваТедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
© Фото из архива Георгия ТедееваТедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
© Фото из архива Георгия ТедееваТедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
© Фото из архива Георгия ТедееваТедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
1/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
2/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
3/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
4/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
5/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
6/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
7/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ
8/8
Тедеты мыггаджы кувæндоны кæлæнтæ

"Фыццаг уал Тедеты Дзамболаты бафæндыд, йæ рагфыдæлтæ цы уæлмæрды ссардтой се ʻнусон бынат, уый æмбæлон уагмæ æркæнын æмæ сæнидзын кæнын мыггаджы дзуар. Фæлæ куыст куы сцайдагъ ис, уæд та йæ бафæндыд ноджы фылдæр саразын", - бафтыдта Георгий.

Уыимæ иумæ ма цайдагъ цæуы инфраструктурæ дæр - суагътой электроххах, дон, фæхуыздæр кодтой фæндаджы уавæр. Дзуарæй фалдæр та агъуысты бын бакодтой Чырыстийы номыл аргъуан. Арæзтадон куыстыты агъоммæ арфæ радта алайнаг епархийы динамонæг Иаков. Фæстæдæр ам Хуыцаумæскуывдтæ уадздзæн фыд Герман.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цъорбис
Хуссар Иры аивдæр хъæу: меценат аразы кувæндæттæ Цъорбисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъорбис

"2021 азы кæронмæ, Хуыцауы фæндæй, хъуамæ фæуæм. Дыууæ километры дæрддзæфæй рауагътам дон, уыдзæн дзы фонтантæ, рухсытæ. Нывгæнджытæ Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Аслан цæттæ кæнынц цыппар стыр уазнывы - Чырысти, Сыгъдæг Гиуæрги, Мад Майрæм æмæ Николай Чудотворец. Уыдон сфæлынддзысты мæсгуыты фæрстæ", - загъта аразæг.

Аргъуаны цур сарæзтой дзæнгæрæгдон. Уый уыдзæн иуыл стырдæр Хуссар Иры, дæс дзæнгæрæджы скусынгæнæн уыдзæн телефоны руаджы дæр.

"Сæ уынæр хъуысдзæн комæй коммæ дæр. Иууыл хуыздæр æрмæг цы ис, уымæй скодтой дзæнгæрæгтæ", - бафтыдта Тедеты Георгий.

Цы сарæзтой, уый æмбæрц ма ам фæзындзæн фæстæдæр - дыууæ æфсæддоны цырт, сæ цырты рæбын фонтан, фæзындзæн дзы цæрæнуæттæ дæр.

"Дзамболтат, зæгъæн ис, алы бон дæр ис ам. Дзуры телефонæй æмæ йæ цæст ахæссы куыстытыл. Ноджы ма йæм фæзынд ног хъуыдытæ. Уый канд нæ сæйраг инвестор нæу, фæлæ ма проектгæнæг дæр, йæ зæрæдæ иууылдæр ам ис", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цъорбис
Хуссар Иры аивдæр хъæу: меценат аразы кувæндæттæ Цъорбисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъорбис

Арæзтады къухдариуæггæнæг балхынцъ кодта, уалдзæджы кæй æрхондзысты ландшафтон дизайнерты дæр. Гæнæн ис æмæ фидæны та суа молодзандонон комплекс.

Социалон хызæгты ныр дæр парахт цæуынц арæзтады хуызджын нывтæ, Цъорбисы ныридæгæн дæр фæхонынц Хуссар Иры рæсугъддæр хъæу.

Ног хабӕртты лентӕ
0