Бынӕттон ӕрыскъӕф ӕмӕ Саулохты Галинайы чысыл фазендӕ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаСаулохты Галинайы чысыл фазендӕ
Саулохты Галинайы чысыл фазендӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Рафыссын
Гагадыргътæй æппæты тагъддæр æрыскъæф срæгъæд вæййы. Майы райдианты радты фыццаг тыллæг æмæ ма æрзайы сентябры дæр

ЦХИНВАЛ, 21 апр - Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы Джиоты Аланы проспектыл цæрæг Саулохты Галина йæ чысыл зæххы фадыджы уыйбæрц æрыскъæфтæ æрзайын кæны æмæ йæхицæй дарддæр вæййынц уæй кæныны фаг дæр.

Раздӕр Ирыстоны ӕрыскъæф зади хохæй быдырмæ уыгæрдæнты, сæрвæтты, ныллæг хъæдбынты, адæгты. Абон та æрыскъæф арæхæй нæ, иугай гагатæй дæр фенæн стӕм рӕтты ис.

Гагадыргътæй æппæты тагъддæр æрыскъæф срæгъæд вæййы. Майы райдианты радты фыццаг тыллæг æмæ ма æрзайы сентябры дæр. Саулохты Галина радзырдта Sputnik, цы амæлттæй зилы æрыскъæфтæм.

"Ацы гагадыргъмӕ æнцон зилæн нæу, ис ын сæрмагонд биологон миниуджытæ. Куыннæ йæм зонай зилын, уæд дын æмбæлон тыллæг нæ ратдзæн. Мæ ныййарджытæн дæр иу цæхæрадоны уыд æрыскъæфтæ сагъд, фæлæ уырдыгæй-иу къусыдзагæй фылдæр никуы æртыдтой", - бынасан кодта уый.

Æвзонг сылгоймаг куыд банысан кодта, афтӕмӕй цалдæр азы размæ интернеты фæхæст ис иу агрономы амындтытыл æрыскъæфы тыххæй. Бацымыдис æм кодта, лæмбынæг сахуыр кодта амындтытæ æмæ дыууæ азы размæ фæлварæнæн ныссагъта цалдæр быны.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаСаулохты Галинайы чысыл фазендӕ
Бынӕттон ӕрыскъӕф ӕмӕ Саулохты Галинайы чысыл фазендӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.04.2021
Саулохты Галинайы чысыл фазендӕ

"Специалист куыд амоны, афтæ арæзтон æмæ уыцы аз нæ æрыскъæфтæй мæ зæрдæ барухс. Дыккаг аз сæ фæфылдæр кодтон, иу цалдæр хуыз баисты. Уыйбæрц тыллæг æрцыд æмæ сæ фæуæй кодтон бынæттон базары", - радзырдта Саулохты Галина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, æрыскъæфыл "рихитæ" куы разайы, уæд æм уæлдай хуыздæр зилын хъæуы. Арæх æй хъæуы рувын. "Рихитæй" ныууадзын хъæуы ставдæры, иннæты та сыскъуынын. Æртæ азæй фылдæр уадзын æй нæ хъæуы, стæй хъуамæ уыцы бын ногæй баивай. Ацы гагадыргъ бирæ уарзы хуры хъарм æмæ рухс. Уыцы иу рæстæг æнæфæразон у хуры тæвдæн дæр, уæлдайдæр зæххы уымæлад цъус куы вæййы. Гæнæнуæвгæйæ сæ садзын нæ хъæуы, фаг рухс кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм рæтты.

Уалыты Ирбеджы тыллæджы дуне - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.09.2020
Бынæттон джитъри æмæ помидор: Уалыты Ирбеджы тыллæджы дуне

Зæгъæм æрыскъæфтæ кæм сагъд сты, уым апрелы мæйы æнæмæнг хъуамæ æрцæуа донхæр. Апрелы мæйы уæлдæфы хъармад æмæ уымæлад цас æмбæлы уыйбæрц куы уой, уæд тыллæг вæййы бирæ хæрзаддæр æмæ ставддæр. Хъармад хъуамæ уа 28 градусы, зæххы умæл та 85 проценты. Æрыскъæфæн йæ тыллæг æфснайыны афон къæвдатæ куы вæййы, уæд йæ гагатæ æнцонæй бамбийынц.

"Æрыскъæфы сорттæ сты 200 бæрц. Фæлæ мах уавæрты хорз зайынц "Машук", "Выставочная", "Восток" æмæ "Королевская 100", - ранымадта Галина.

Ацы куыстмæ ма йæ хъус аздахын кæй фæнды, уыдонæн Галина амоны, цæмæй сæ садзой фæлмæн куыстгонд зæххыл. Раздæр хъæдындз, пъамидор, джитритæ кæм сагъд уыд, ахæм зæххыл сæ не ‘мбæлы садзын. Иуæй-иутæ æрыскъæф садзынц августы мæйы, фæлæ уый раст нæу. Хуры хъарммæ ахус вæййынц æмæ уæд рæстмæ нал æрзайынц.

"Зонын хъæуы уый дæр æмæ æппæты тæссагдæр æрыскъæфæн кæй у зулкъ. Йæ зæнг ын ахæры. Зиан ын хæссы даргъбырынкъ хъæндил дæр. Æрыскъæфмæ ма æмхиц у ахæм низ дæр, куыд зокъониз. Цæмæй йыл ма бахæца, уый тыххæй йæ рагуалдзæджы хъæуы нитрофинæй науӕд та æндæр химикаттæй бапырх кæнын", - амоны уый.

Галина куыд загъта, афтæмæй уый хъавы фидæнмæ горæтмæ хæстæг Ирыхъæуы зæххы фадыг арендæйы райсын, цæмæй дзы ныссадза æрыскъæфтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0