"Къæвдайы фæстæ хур дæр ракæсы": Мамиты бинонтæ æрæнцайдзысты сæ хӕдзары мæтæй

© Sputnik / Дриаева ЛейлаМамиты Вахтъангы хæдзар Къостайы хъæуы
Мамиты Вахтъангы хæдзар Къостайы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2021
Рафыссын
Гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы тыхджын æхстытæй иу комкоммæдæр сæмбæлд Мамиты Вахтъангы хæдзары фæстаг къулыл æмæ егъау цæрдхуынкъ фæци. Уæддæр хорз æмæ бинонтæ баззадысты æнæфыдбылызæй
ЦХИНВАЛ, 7 окт — Sputnik, Дриаты Лейла. Къостайы хъæуккаг Мамиты Уахтъанг Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ араст æвзонг лæппуйæ, æхсарджынæй тох кодта цыфыддæр знæгты ныхмæ æмæ уый дæр йæ хайбавæрд бахаста Уæлахизы стыр бонмæ. Æфсадæй æрыздæхгæйæ, аныгъуылд сабырадон царды, æркодта бинонтæ Хуыбиаты Еленæйы, фæзынд сын зæнæг. Дыууæ хистæр уарзæгой æмкъайы ивгъуыд æнусы 70-æм азты сарæзтой дыууæуæладзыгон бæстыхай æмæ сæхи нымадтой уæлдай амондджындæрыл.
Хуссар Иры агуыридуруадзæн заводы  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.08.2021
Хуссар Иры агуыридуруадзæн заводы продукцийæ пайда кæнынц бынæттон арæзтæдты
Фæлæ сабырад æрхæссæгæн, нæ адæмы рухс царды сæраппонд фыдгултимæ æнæмсæр тох чи кодта, знаджы ныхмæ хъæбатырдзинад чи æвдысты, уыцы адæймаджы байзæттаг гуырдзиаг лæгсырдты тугкалæн хæсты баййæфтой дзæвгар зындзинæдтæ. 2008 – æм азы августы хæсты гуырдзиаг æнæформалтæ алӕрдыгæй æхстой Цхинвалы районы Къостайы хъæумæ дæр, скусын кодтой алыхуызон хъомысджын хæцæнгæрзтæ æмæ милмæ систой хъæуы.
Уыцы æхстыты азарæй хъæуы цæрджытæй бирæ бацарæфтыд сты, ноджы фылдæр та цæрæн хæдзæрттæ фесты æхст æмæ зынджы хай. Уыцы æнахуыр тыхджын æхстытæй иу комкоммæдæр сæмбæлд Мамиты Вахтъангы хæдзары фæстаг къулыл æмæ егъау цæрдхуынкъ фæци. Уæддæр хорз æмæ бинонтæ баззадысты æнæфыдбылызæй.
"Нæ цæрæн хæдзары кæлæддзаг уавæры тыххæй мах бирæ хæттыты куырдтам æххуыс нæ республикæйы æмбæлон органтæй, фæлæ, хъыгагæн, нæ хъуыддагæй хорзæй ницы цыд, æрмæст нæ æрвыстой ныфсытимæ. Фæстагмæ нæ тыхст уавæры тыххæй бахатыдыстæм нæ республикæйы президент Бибылты Анатолимæ æмæ нын ныфс бавæрдта йæ саразыны тыххæй. Къæвдайы фæстæ хур куыд ракæсы, афтæ нæ бинонтæ дæр æрæджы æхсызгондзинады уавæры бахаудысты", - зæгъынц Мамиты дыууæ æмкъайы.
Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы цæрæн хæдзæрттæ хъæуы аразын, уыдон сæндидзын æмæ саразынæн æхцайы фæрæзтæ дих цæуы Президенты фондæй. 2008 – æм азы августы хæсты æмæ уымæй размæ дæр нæ республикæйы цы бирæ хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон ныр арæзт цæуынц.
Тристан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Фараст азы рӕстӕгмӕ уавӕрты: куыд цӕрынц Зардиаты хъӕуы адӕм хӕрам бӕстӕты хсӕн
Сæ пырх хæдзары арæзтадон - цалцæггæнæн куыстытæм æрæджы æрæвнæлдтой Мамиты бинонтæн дæр. Нæ уыд хорз уавæры бæстыхайы уæлхæдзар æмæ йæ бынтондæр райхæлдтой.
"Хæдзары тынг быхъыгдардта тыхджын æхстыты уылæн, йæхи мидæг фезмæлыд æмæ кусджытæ уыцы бынæттæ сфидар кæныныл дæр бакуыстой зæрдиагæй. Ныртæккæ нæ кусджытæ кусынц уæлхæдзары арæзтадыл, уый фæстæ дзы сæвæрдзыстæм рудзгуытæ, дуæрттæ, арæзтадон æмæ сæрдыны куыстытæ дæр бакæндзысты бæстыхайы мидæггаг хатæнты", - радзырдта арæзтады хистæр.
Хæдзары бинонтæ бузныг сты, сæ тыхст уавæр сын чи рог кæны, уыцы кусджытæй, сæрмагондæй та арфæйы ныхæстæ æрвитынц нæ республикæйы президентӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0