Милена спорты архайы нырма æрмæстдæр иу аз æмæ иу мæйы, фæлæ, цыбыр æмгъуыдмæ æнӕкæсгæйæ, цыппар хатты архайдта чемпионатты æмæ дзы ӕртӕйы ссис уæлахиздзау.
Убоженкоты фотостудийы Цхинвалы ныр дӕр у, æрдæг æнусы размæ йӕ куыд сарæзтой, афтæ. Уазал хатæн, иунæг хъæдын бандон урс кæттаг фоныл, рухс - хуры тынтæ. Фӕлӕ ӕрдӕг ӕнусы размӕ-иу кӕд студийы раз радтӕ уыд, уӕд ма ныр бон сӕ къæсæрæй бахизы 5-10 адæймаджы.
Журнал уадзынӕн паддзахадон бюджеты фӕрӕзтӕ нӕ разынд, кӕд ӕмӕ журналы финанскӕнынад хаст у ирон ӕвзаджы райрӕзты паддзахадон программӕмӕ, уӕддӕр.
Цхинвалы ӕрбайгом ногазон армукъа, нырма адӕм активонӕй не ′лхӕнынц хъазӕнтӕ, фӕлӕ бирӕнымӕц цатыртӕ хъазӕнтимӕ лӕвар кӕнынц бӕрӕгбонон равг.
Официалон ӕрбайгомы агъоммӕ уыд театралон равдыст, сценӕйыл ралӕууыд Гергиты Валерийы къухдариуӕгадӕй Мариинаг театр, лент та алыг кодта Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Ольга Голодец.
Равдыст "Дыууӕ легендӕйы параллельтӕ. Едзиты Сосланбег ӕмӕ Нико Пиросмани" ӕрбайгомы хӕдразмӕ Нырыккон аивады мӕскуыйаг музейы йӕ куратор Людмила Андреева ауагъта журналисттӕн пресс-тур.
Сомихаг бинонтæ Цхинвалмæ æрцыдысты цыппар азы размæ. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ Хуссар Ир афтӕ тынг балхæдта ног цæрджыты зæрдæтæ æмæ йæ дунейы никæцы бæстæйыл нал баивдзысты.
Гасситы Мурӕт майрæмбоны æрцыд Хуссар Ирыстонмæ, фембæлд президент Тыбылты Леонидимæ æмæ аныхас кодта йæ табугæнджытимæ.
Тонгай дыргътæ лæууынц ныккæндты, хъæуты цæрджытæ бæллынц Уæрæсейы базармæ сæрибарæй сæ тыллæг ласынмæ æмæ тæрсынц, сæ азы фыдæбон та уалдзæджы былæй калын куы бахъæуа.
Козаты дыууæ æфсымæры Хуыцау схайджын кодта æгæрон курдиатæй. Нывгӕнджытӕ Ушанг ӕмӕ Зауыры ном айхъуыст дæрдтыл.
Тедеты Алик тырны йæ фырт Сосланы ӕмӕ йӕ иннӕ хъомылгæнинӕгты ног уæлахизтæм æмæ бæллы Ирыстонæн боксӕй фыццаг олимпиаг уæлахиздзау балæвар кæнынмӕ.
Ӕхсардзинад ӕмӕ адӕмон иудзинады боны хӕдразмӕ Дзуццаты Владимир (Коко) мысы 1989 азы 23 ноябры цаутӕ - уый цалдӕр ӕмгаримӕ куыд ӕрлӕууын кодтой мингай гуырдзиаг националистты Хуссар Иры столицӕйы бацӕуӕны.
Сиукъаты Алан йӕ "Альпаг (Присаг) уыгæрдæнты" мыдæй ифтонг кæны йе ʻввахс адæмы. Цыппар азы дæргъы уый хорз сахуыр кодта мыдыбындзыты хицæндзинæдтæ æмæ сæ дарыны сусæгдзинæдтæ. Мыд та нымайы иттӕг пайдаджын продуктыл, ӕфтауы йӕ алы ӕмӕ алы хӕринӕгтӕм, ӕгӕрыстӕмӕй туагмӕ дӕр. Афтӕ ма йӕ фӕнды ис эксперименты хуызы мыдӕй саразын карз нозт.
Быцентӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ дарддæр кæнынц ирон аивады рæсугъд традицитæ Хуссар Ирыстоны - бинонтæй цыппар хæссынц Хуссар Иры сгуыхт артистты нæмттæ.
Гæджиты Леониды продукцийы 5 мин иуæджы ныридӕгӕн æнхъæлмæ кæсынц этикеткæтæм. Амалиуæггæнæг фæнд кæны фидæны Цхинвалы бакæнын дукани æмæ бæллы уæрæсейаг базары тæрхджытыл фенын кæсагджынаг æргъай, валергæсаг æмæ еугæф фенынмæ, йæ амалиуæгады бынатӕй та дзæнæттаг къуым саразынмӕ.
Цӕгатирыстойнаг дохтыр Къудзойты Хъазбег, кӕцы 1998 азы куыста Спитакы зӕххӕнкъуысты зонӕйы, агуры, уыцы уӕззау трагедийы фӕстӕ цы чызгӕн баххуыс кодта, уый. Абоны онг дӕр ӕй йӕ бон нӕу ферох кӕнын.
Кӕцыдӕр цхинвайлаг уынгтӕ ӕхсӕвы рухсгонд сты ирд светодиодон рухсытӕй. Уыдон зынаргъ сты, фӕлӕ сӕ гъӕд уый аргъ у. Цхинвалы кӕройнаг уынгтӕн нырма ахӕм цӕмӕйдӕр раппӕлын сӕ бон нӕу.
Латвимӕ Джиоты Валентина ахауд ССР Цӕдисы ныппырхы размӕ. Бирӕ ӕзты уый кусы экскурсоводӕй Ригӕйы. Фӕлӕ йын фадат куы фӕвӕййы, уӕд ратындзы Хуссар Ирмӕ, йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмкъласонтимӕ фембӕлынмӕ.
Хуссар Ирыстонӕй ацӕугӕ фыссӕг Харебаты Влада радзырдта Sputnik йӕ романы, йӕ царды тыххӕй Цхинвалы ӕмӕ ма нын раргом кодта, цӕмӕн загъта "нӕ" йӕ цардыхӕстӕй ноджы иуӕн – нывкӕнынадӕн.
Хъайтарты уынгыл цы ныппырхгонд бирӕфатерон хӕдзар ис, уый сцалцӕг кӕныныл 2013 азы 13 милуан сомӕй фылдӕр нӕ бахардз, афтӕмӕй та нардуатисӕг хыгъд радта 65 милуан сомы фӕдыл. Ныр ацы хъуыддаг ӕвзӕрст цӕуы Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурӕйы.