Гасситы Мурӕт фыццаг хатт стох кӕндзӕн иууыл уӕззаудӕр категорийы америкаг боксеримӕ

© Фото из архиваПрофессионалон боксер Мурат Гасситы
Профессионалон боксер Мурат Гасситы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы тох у спортсменӕн фыццаг иууыл уӕззаудӕр уӕзы категорийы. Гасситы Мурӕт ауагъта 16 тохы ӕмӕ сӕ алкӕцыйы дӕр ссис уӕлахиздзау.

ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Ирон профессионалон боксер Гасситы Мурӕт сабаты 13 июны фыццаг хатт стох кӕндзӕн иууыл уӕззаудӕр уӕзы категорийы, фехъусын кодтой Sputnik спортсмены пресс-службӕйы.

Гасситы Мурӕт архайы профессионалон рингыл 2011 азæй фӕстӕмӕ. Ӕппӕт ацы рӕстӕджы уый ауагъта 16 тохы ӕмӕ сӕ алкӕцыйы дӕр ссис уӕлахиздзау. 2013 азы рамбылдта дунейон чемпионы титул фӕсивӕды 'хсӕн WBC-йы версимӕ гӕсгӕ. Фарон та ссис Европӕйы чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ.

"Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕг у америкаг иууыл уӕззаудӕр уӕзы архайӕг Родни Мур. Уыдон стох кӕндзысты Голливуды. Ацы тох у спортсмены дебютон тох иууыл уӕззаудӕр уӕзы категорийы", — загъта боксеры минӕвар.

Компани "Урал Бокс Промоушен"-ы 21-аздзыд боксер архайы тренертӕ Абель Санчес ӕмӕ Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын. Фӕстаг хатт Гасситы Мурӕт рахӕцыд америкаг спортсмен Феликс Корой-кӕстӕримӕ ӕмӕ йӕ рамбылдта техникон нокаутӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0