Ирон футболисттӕ бахаудысты "Спорт-Экспресс"-ы символикон командæйы скондмӕ

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæИрон футболисттӕ бахаудысты "Спорт-Экспресс"-ы символикон командæйы скондмӕ
Ирон футболисттӕ бахаудысты Спорт-Экспресс-ы символикон командæйы скондмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕмрӕстӕджы цыппар ирон футболисты бахаудысты авторитетон спортивон гаезт "Спорт-Экспресс"-ы символикон командæйы скондмӕ. Символикон ӕмбырдгондмӕ бацӕуынц иууыл аккагдӕртӕ.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Цыппар ирон футболисты бацыдысты "Спорт-Экспресс"-ы символикон командæйы скондмӕ, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Газет «Спорт-Экспресс» ныммыхуыр кодта Уæрæсейы 11 хуыздæр футболисты æмæ сæ скодта символикон командæ. Ацы номхыгъды ис, фылдæр голтæ чи бакъуырдта æмæ йæ командæйæн фылдæр пайда чи `рхаста, уыцы спортсментæ. Командæйы 11 футболистæй цыппар сты ирæттæ.

"Ирон футболисттӕй символикон командæйы скондмӕ бацыдысты Махачкалайы командæ «Анжи»-йы хъахъхъæнæг Тыджыты Георгий, "Локомотив"-ы æрдæгхъахъхъæнæг Касаты Алан, Самарæйы клубы æрдæгхъахъхъæнæг Гæбулты Георгий ӕмӕ ӔЦСК-ы æрдæгхъахъхъæнæг Зӕгъойты Алан", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ацы спортсментӕ иууылдӕр сӕхи иттӕг хорз равдыстой премьер-лигæйы хъазтыты.

Премьер-лигæйы æмæ фыццаг дивизионы хъазы 40 ирон футболисты. Уый та дзурæг у ууыл, æмæ Ирыстон кæй у дæсны футболистты куырдадз.

Ног хабӕртты лентӕ
0