Къудухты Бесикы номарӕн турниры 43 спортсмены бацахстой призон бынӕттӕ

Рафыссын
Къудухты Бесикы номыл турнир ауадзыны хъæппæрис раразмæ кодта Ленингоры районы фæсивæд. Бесик уыд ацы районæй рацæугæ æмæ фæсивæды фæндыд турнирæй спортсмены рухс ном ссарын.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Зынгӕ ирон спортсмен Къудухты Бесикы номарӕн турниры 130 хъӕбысӕйхӕцӕгӕй 43 ссисты призертæ, ерысты хайад райстой Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны богалтӕ.

Хуссар Ирыстоны Ленингоры поселокы ацы бонты уагъд æрцыд дунейы цыппар хатты чемпион, Олимпиаг хъæзтыты дывӕр призер, уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал Къудухты Бесикы номыл турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Турниры хайадисджытæ ссисты 1999-2000 æмæ 2001-2002 ӕзты гуырд богалтæ.

 

Турниры хайад райстой республикæйы къухдариуæгад президент Тыбылты Леониды сæргълæудæй, Къудухты Бесикы хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, афтæ ма уæгъдибар хъæбысхæст уарзджытæ æмæ спорты дæснытæ.

Мадзалы хайадисджыты æмæ уазджыты раз раныхас кодта президент Тыбылты Леонид. Уый банысан кодта турниры егъау нысаниуæг æмæ бузныг загъта организатортæн.

"Къудухты Бесик абон, хъыгагæн, не`хсæн нал ис. Бесик у цæвиттойнаг æрыгон богалтæн. Турнирмæ æрцыдысты Бесикы бинонтæ, æмæ сын зæгъæм стыр бузныг адæмон хъайтары тыххæй. Нæ зæрдæ сын зæгъы уды фидардзинад сæ хъæбултæ хъомыл кæныны хъуыддаджы", — загъта президент.

Турниры хъӕбысӕхӕцджытӕ тох кодтой хицӕн ӕмӕ хицӕн уӕзты категориты. Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ æмæ майдантæй. Зæрдылдарæн лæвæрттæ ма сын бакодтой РХИ-йы президент Тыбылты Леонид, Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федераци æмæ спортсмены бинонтæ.

Турниры организатор уыд Ленингоры районы администраци Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды финансон æххуысæй. Къудухты Бесикы номыл турнир ауадзыны хъæппæрис раразмæ кодта Ленингоры районы фæсивæд. Бесик уыд ацы районæй рацæугæ æмæ фæсивæды фæндыд турнирæй спортсмены рухс ном ссарын. Турнир уагъд цæудзæн æрвылаз дӕр æмæ суыдзæн традицион.

Спортсмены номæй ма схуыдтой Ленингоры централон уынгтæй иу.

Къудухты Бесик райгуырд 1986 азы Ленингоры районы Цхилоны хъæуы. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ирон богал у дунейы цыппар хатты чемпион (2007, 2009, 2010, 2011 ӕзты), у 2007 азы Европæйы чемпион, 2008 азы Пекины Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер æмæ 2012 азы Лондоны Олимпиаг хъæзтыты æвзист призер. Бесик у Уæрæсейы фондз хатты чемпион — 2006, 2009, 2010, 2011, 2012 ӕзты.

Спортсмен трагикон æгъдауæй фæмард автокатастрофæйы 2013 азы 29 декабры федералон трассæйыл Армавирмæ æввахс. Баззад ын дыууæ сывæллоны — Ева æмæ Георгий.

Ног хабӕртты лентӕ
0