Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад исынц дунейы чемпионаты Лас-Вегасы

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæИрон хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад исынц дунейы чемпионаты Лас-Вегасы
Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад исынц дунейы чемпионаты Лас-Вегасы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон богалтӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты ӕмбырдгонд командӕты сконды.

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Ирон спортсментӕ хайад исынц спортивон хъæбысхæстæй дунейы чемпионаты Лас-Вегасы, хъусын кæны РЦИ-Аланийы фæсивæд, спорт æмæ спортивон культурæйы министрады пресс-службæ.

Дунейон чемпионат Лас-Вегасы байгом къуырисӕры, 7 сентябры ӕмӕ йӕ куыст дарддӕр кӕндзӕн 12 сентябрмӕ.

"8 сентябры Беларусы æмбырдгонд командæйы сконды гауызмæ рахиздзæн греко-римаг стилы богал Дауырты Сослан", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы ма куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй 11 сентябры та райдайдзæн турнир уæгъдибар хъæбысхæсты богалты æхсæн.

"Ирон богалтæй фыццаг йæ тыхтæ æвзардзæн Рæмонты Сослан. Дыккаг бон, 12 сентябры, гауызмæ рахиздзысты Алдаттаты Ибрагим, уый хъазы Украинæйӕн, Фриты Таймураз (Испани), Тагзиты Тамерлан (Канада), Гозюмты Хетæг (Азербайджан)", — банысан кодтой уагдоны.

Турниры фæстаг бон ныхмæлæуд уыдзæн уæззау категорийы спортсментæн, цыран сæ тыхтæ бавзардзысты Зассеты Алан (Украинæ) æмæ Гаглойты Сослан (Словаки).

Уый размæ Хъæбысхæстæй баиугонд дуне (UWW) фехъусын кодта 2016 азы Рио-де-Жанейройы Олимпиаг хъæзтытæм æвзæрсты системæ. Алкæцы турниры дæр тох кæндзысты сæрмагонд нæ, фæлæ националон лицензитыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0