Ӕхсӕнадӕмон турнир Цхинвалмӕ ӕрӕмбырд кодта 54 боксеры ӕппӕт Кавказӕй

© Sputnik / Ада БагианӔхсӕнадӕмон турнир Цхинвалмӕ ӕрӕмбырд кодта 54 боксеры ӕппӕт Кавказӕй
Ӕхсӕнадӕмон турнир Цхинвалмӕ ӕрӕмбырд кодта 54 боксеры ӕппӕт Кавказӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры боксертӕ сӕ тыхтӕ ӕвзарынц дыууӕ кары категорийы. Тыхджындӕртӕ фӕбӕрӕг уыдзысты сабаты.

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 25 азы юбилейы цытӕн ӕхсӕнадӕмон турниры Цхинвалы сӕ тыхтӕ ӕвзарынц 54 боксеры Ставрополы край, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирӕй, хъусын кӕны Sputnik уацхӕссӕг.

Ӕхсӕнадӕмон турнир йӕ раныхасӕй бакодта хицауады сӕрдары хӕдивӕг Пухаты Эрик ӕмӕ ӕрӕмбырдуӕвджытӕн раарфӕ кодта бӕрӕгбоны фӕдыл.

Турин бакӕныны цытджын церемонийы айзӕлд РХИ ӕмӕ УФ паддзахадон гимнтӕ. Сортивон мадзал се сфӕлдыстадӕй барӕсугъд кодтой зарӕггӕнджытӕ Харебаты Вадим ӕмӕ Хъабалоты Руслан.

Ерыстӕ уагъд цӕудзысты дыууӕ боны дӕргъы, абон уал финалмӕ ахизыныл тох кӕнынц 18 къайы.

© Sputnik / Ада БагианФиналмӕ ахизыныл тох кӕнынц 18 къайы.
Турнир по боксу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Финалмӕ ахизыныл тох кӕнынц 18 къайы.

 

Республикӕйы минӕвӕрттӕй фыццаг ӕнтыст бафтыд горӕты фӕндзӕм скъолайы ахуырдзау 15-аздзыд Бибылты Сергейы къухы. 52 килограммы архайгӕйӕ уый ныддӕрӕн кодта йӕ ныхмӕлӕууӕг лӕппуйы ӕмӕ райста йӕ спортивон карьерӕйы 18-ӕм уӕлахиз.

"Фидар цӕттӕ спортсменимӕ тох кодтон, зынӕй мын бантыст рамбулын, фӕлӕ мӕм сӕйраг тох ӕнхъӕлмӕ кӕсы разӕй. Ӕппӕт дӕр сараздзынӕн, цӕмӕй финалы уӕлахиз мӕ къухы бафта", — загъта Бибылты Сергей.

Ставрополы крайы боксы скъолайы цыппар минӕвары Цхинвалмӕ ӕркодта тренер Валерий Попов. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый райгонд у йӕ хъомылгӕнинӕгты фыццаг ралӕудтӕй.

"Ӕвзонг спортсментӕ исынц хорз фӕлтӕрддзинад ахӕм турнирты. Спортсментӕ сты ӕмсӕр, йӕхи сӕ лӕмӕгъ ничи ӕвдисы. Алы регионы боксертӕ дӕр сӕ бон цас у, уыййас архайынц ", — загъта Валерий Попов.

Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Зассеты Сергей йӕ раныхасы ныфс бавӕрдта, нырӕй фӕстӕмӕ ахӕм турниртӕ кӕй суыдзысты ӕрвылазон.

"Ӕхсызгон мын у, ӕфсымӕрон республикӕты минӕвӕрттӕ нӕм кӕй ӕрцыдысты. Ахӕм гуырахстджын ерыстӕ боксӕй сывӕллӕты ӕхсӕн уадзӕм фыццаг хатт ӕмӕ бацархайдзыстӕм, цӕмӕй ӕрвылаз дӕр Республикӕйы боны цытӕн Цхинвалы цӕуой боксы турниртӕ", — фехъусын кодта Зассеты Сергей.

Ерыстӕ цӕуынц дыууӕ кары категорийы. Ӕдӕппӕтӕй, хицӕн уӕзы категориты, турнир рабӕрӕг кӕндзӕн 14 уӕлахиздзауы. Афтӕ ма уӕлахизмӕ тырнынады тыххӕй ӕмӕ хуыздӕр техинкӕйы тыххӕй дӕр хорзӕхджын ӕрцӕудзысты ӕвзонг боксертӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0