Цхинвалы рабӕрӕг сты боксы ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвалы рабӕрӕг сты боксы ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзаутӕ
Цхинвалы рабӕрӕг сты боксы ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ерысты хайад райстой 60 ӕвзонг боксеры Ставрополы край, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй.

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Фӕбӕрӕг сты республикӕйы расидтыл 25 азы сӕххӕсты цытӕн боксы ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзаутӕ, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Цхинвалы турниры сӕ тыхтӕ ӕвзарынц 54 боксеры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы турниры сӕ тыхтӕ ӕвзарынц 54 боксеры

Ерысты архайдтой 60-мӕ ӕввахс ӕвзонг боксеры Ставрополы край, Кӕсӕг-Балхъар, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй.

"Спортсментӕ сӕ тыхтӕ ӕвзӕрстой хистӕр ӕмӕ кӕстӕр кары къордты, 24 уӕзы категориты. 60 хайадисӕгӕй призон бынӕттӕ бацахстой 24 боксеры", — загъта комитеты пресс-секретарь Хуриты Батрадз.

Уӕлахиздзауты хорзӕхкӕныны церӕмонийы хайад райста президент Тыбылты Леонид, уый аккагдӕр спортсментӕн радта призтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0