Цхинвалы ацӕудзӕн хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты номарӕн турнир

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæӔвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй.
Ӕвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты номарӕн турниры рог атлетикӕйӕ сӕ тыхтӕ бавзардзысты республикӕйы ӕвзыгъддӕр фӕсивӕд.

ЦХИНВАЛ, 29 окт- Sputnik. Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзӕн Ӕппӕтреспубликон турнир рог атлетикӕйӕ скъоладзауты ӕхсӕн, фехъусын кодта Sputnik тренер ӕмӕ рог атлетикӕйы скъолайы директор Цъӕхилты Игорь.

Турнир уагъд ӕрцӕудзӕн ноябры фыццаг бонты Ирыстоны хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты рухс нӕмттӕ ссарыны цытӕн. Ерысты организатортӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц 500 спортсменмӕ ӕппӕт республикӕйӕ.

"Ерысты архайыдзысты скъолайы кары сӕдӕгай спортсментӕ куыд Цхинвал, афтӕ алкӕцы районӕй дӕр. Ӕвзонг атлеттӕ сӕ тыхтӕ ӕвзардзысты лидзынӕй, гӕпп кӕнынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй. Лидзынӕй ерыс кӕндзысты 400, 800 ӕмӕ 1,500 метры дистанциты", — банысан кодта Цъӕхилты Игорь.

Уый ма куыд радзырдта, афтӕмӕй номарӕн турниры уӕлахиздзаутӕн цӕттӕ цӕуынц Ирыстоны дыууӕ зынгхуыст хъайтар Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты хуызистытимӕ майдантӕ.

"Майдантӕ закъазгонд ӕрцыдысты Санк-Петербурджы ӕмӕ нӕ ныфс ис, рӕстӕгыл кӕй сцӕттӕ уыдзысты", — банысан кодта тренер.

Республикон турнир организацигонд цӕуы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты тыхтӕй Хуссар Ирыстоны рог атлетикӕйы федерацийы президент Икъаты Русланы финансон ӕххуысы фӕрцы.

Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕт фӕмард сты 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты фӕстиуӕгӕн. Знаджы ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ уыдон равдыстой стыр хъӕбатырдзинад, сӕ цард ӕрхастой райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд.

Ног хабӕртты лентӕ
0