Цыппар цхинвайлаг штангисты стох кӕндзысты Уӕрӕсейы чемпионатмӕ ахизыныл

© Flickr.comУӕззау атлетикӕ
Уӕззау атлетикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментӕ Джиголаты Сӕрмӕт, Ӕрсойты Инал, Дыгъуызты Олег ӕмӕ Къудухты Азӕмӕт тох кӕндзысты Уӕрӕсейы чемпионатмӕ ахизыныл.

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Цыппар хуссарирыстойнаг богалы хайад райсдзысты уӕззау атлетикӕйӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты, фехъусын кодта спортсменты тренер, Хуссар Ирыстоны спорты сгуыхт кусӕг Тасойты Олег.

Ирон спортсментӕ Джиголаты Сӕрмӕт, Ӕрсойты Инал, Дыгъуызты Олег ӕмӕ Къудухты Азӕмӕт тох кӕндзысты Уӕрӕсейы чемпионатмӕ ахизыныл.

"Джиголаты Сӕрмӕт архайы 77 килограммы уӕзы, январы рамбылдта Мӕскуыйы ӕмӕ Мӕскуыйы областы чемпионат, у Цӕгат Ирыстоны чемпион. Ныфс мӕ ис, ацы ерысты дӕр кӕй рамбулдзӕн, уымӕй. Ӕрсойты Инал та архайы 85 килограммы уӕзы, ныр дыууӕ азы дӕргъы хайад нӕ иста ерысты, фӕлӕ мӕ уырны, ӕнтыстджынӕй кӕй архайдзӕн", — загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, иннӕ дыууӕ спортсмены Дыгъуызты Олег ӕмӕ Къудухты Азӕмӕт сӕ дыууӕтӕ дӕр кӕй архайынц 94 килограммы уӕзы ӕмӕ, йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ бахауой призерты скондмӕ.

Ерыстӕ цӕудзысты 27-28 февралы Дзӕуджыхъӕуы, спорты галуан "Манеж"-ы. Ам архайдзысты ахӕм номдзыд спортсментӕ, куыд 2014 азы ӕвзӕнгты дыккаг Олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Хуыгаты Хетӕг ӕмӕ Европӕйы чепионаты ӕвзист призер Наниты Тимур.

Ног хабӕртты лентӕ
0