Цхинвайлаг богал ӕхсӕнадӕмон ерыстӕй Якутскӕй ӕрыздӕхт уӕлахизимӕ

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъæбысхæст
Уӕгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къӕбысты Азӕмӕт архайы 84 килограммы уӕзы, ныридӕгӕн хъахъхъӕны Цӕгат Ирыстон-Аланийы спортивон кад.

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг богал Къӕбысты Азӕмӕт ссис Якутскы цӕуӕг уӕгъдибар хъæбысхæсты ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау, фехъуысн кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Къӕбысты Азӕмӕт архайы 84 килограммы уӕзы категорийы, ныридӕгӕн хъахъхъӕны Цӕгат Ирыстон-Аланийы спортивон кад.

"Къӕбысты Азӕмӕтӕн ӕмсӕр ныхмӕлӕууӕг нӕ разынд ӕмӕ бацахста фыццаг бынат. Нӕ иннӕ спортсмен Джиголаты Сослан та 66 килограммы уӕзы рамбылдта ӕртыккаг бынат. Дыууӕтӕ дӕр архайынц Цӕгат Ирыстон командӕйы сконды", — загътой пресс-службӕйы.

Уӕгъдибар хъæбысхæсты турнир Якутскы уагъд цыд олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Роман Дмитриевы номыл. Хайад дзы райстой 12 бӕстӕйы спортсментӕ. Ацы ерысты фӕстиуӕгӕн фидар цӕуы Уӕрӕсейы ӕрыгӕтты ӕмбырдгонд.

Ног хабӕртты лентӕ
0