Цхинвалы фӕбӕрæг сты хъæбысхæсты республикон турниры уӕлахиздзаутӕ

© Sputnik / архивное фотоХъæбысхæсты турнир
Хъæбысхæсты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицӕн уӕзы ӕмӕ кары категориты фыццаг бынӕттӕ бацахстой 15 ӕрыгон лӕппуйы.

ЦХИНВАЛ, 21 мар — Sputnik. Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты республикон турниры Цхинвалы сӕ тыхтӕ бавзӕрстой 158 ӕрыгон спортсмены, уыдонӕй уӕлахиздзаутӕ ссисты 15, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Фыццаг хатт ерыстӕ ацыдысты спорткомплекс "Олимп"-ы. Ам хайад райстой Цхинвал ӕмӕ Дзауы районы фӕсивӕд.

"Фыццаг хатт ахӕм ерыстӕ ауадзынӕн уыд ӕппӕт фадӕттӕ дӕр — турнир цыд ног арӕзт спортивон комплекс "Олимп"-ы ӕртӕ гауызыл. Хицӕн уӕзы ӕмӕ кары (2001-2002 ӕмӕ 2003-2004 азты гуырд спортсментӕ) категориты фыццаг бынӕттӕ бацахстой 15 ӕрыгон лӕппуйы", — загъта комитеты пресс-секретарь Хуриты Батрадз.

Ерыстӕ спорты комитет сорганизаци кодта Паддзахадон унитарон куыстуӕттӕ "Югосетнефтепродукт", "Водоканал", "Дорэкспострой", горӕты администраци, дзулфыцӕн комбинат ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕ Цхуырбаты Джино, Бекъойты Роман ӕмӕ Тыбылты Венеды ӕххуысы фӕрцы.

© SputnikСпорт Хуссар Ирыстоны
Спорт Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спорт Хуссар Ирыстоны
Ног хабӕртты лентӕ
0