Цхинвайлаг командӕ рамбылдта баскетболӕй ерысты Цӕгат Иры

© Sputnik / Алексей КовалевБаскетбол
Баскетбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы уӕлахиз цхинвайлаг командӕйӕн фадат радта Цӕгат Ирыстоны баскетболы фестивалы хайад райсынӕн.

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Цхинвалы ӕрыгон баскетболистты командӕ ссис Цӕгат Ирыстоны горӕтты ‘хсӕн турниры уӕлахиздзау, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Ацы уӕлахиз командӕйӕн фадат радта хайад райсын Цӕгат Ирыстоны баскетболы фестивалы, кӕцы уагъд ӕрцӕудзӕн фӕззӕджы.

Ирыстоны Хъайтартæн нывонд турнир баскетболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны Хъайтартæн нывонд турнир баскетболæй

"Нӕ командӕ ерысты рахызт фыццаг бынатмӕ, дыккаг бынатыл ацыд горӕтгӕрон районы хъӕу Октябрьскоейы командӕ, ӕртыккаг призон бынат та бацахста Дзӕуджыхъӕуы командӕ", — загъта комитеты пресс-секретарь Софа Исаакян.

Уый ма банысан кодтой, турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ цхинвайлаг командӕйы хъазӕг Гӕззаты Сӕрмӕт кӕй бахызт уӕлдӕр лигӕмӕ. Уый скъола каст куы фӕуа, уӕд хъазын райдайдзӕн командӕ "Алания Баскет-Автодор"-ы.

Ерыстӕ цыдысты Цӕгат Ирыстоны горӕтгӕрон районы хъӕу Октябрьскоейы. Хуссар Иры командӕйы цӕттӕ кӕны тренер Дзӕгъиаты Гиви.

Ног хабӕртты лентӕ
0