Гасситы Мурæт нокаутæй бакодта йæхицæн фæндаг чемпионы титулмæ

© FacebookГасситы Мурæт
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Америкæйаг спортсменимæ ныхмæлæуд Гасситы Мурæтæн ссис 23-æм æнтыстджын тох рингыл.

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Козаты Дианæ. Ирон боксер Гасситы Мурæт фыццаг раунды нокауты арвыста америкæйаг Джордан Шиммелы дунейы чемпионы титулмæ претенденты номы тыххæй тохы.

Ныхмæлæуд уагъд цыд æртыццæджы райсом Карлтон (штат Минессота, АИШ). Гассийы фырты уæлахиз уымæн ратдзæн фадат стох кæнын фембæлд Виктор Рамирес — Денис Лебедевы уæлахиздзауимæ, кæцы уагъд æрцæудзæн 21 майы.

Раздæр спортсмены тренер Сланты Виталий радзырдта Sputnik, Гассийы фырт кæй хъуамæ фæуæлахиз уа Шиммелыл "мæ нымадмæ гæсгæйæ æмгъуыдæй раздæр".

© FacebookГасситы Мурæт æмæ Джордан Шиммелы тох
Бой Гассиев-Шиммель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт æмæ Джордан Шиммелы тох

Ныры онг Гасситы Мурæт профессионалон рингыл ауагъта 22 тохы æмæ иухатт дæр нæ баззад састы бынаты. 16 хатт йӕ ныхмӕлӕууӕджы арвыста нокауты.

Фæстаг хатт Гасситы Мурæт рингмæ рахызт фарон декабры. Уый тох кодта америкæйаг Айзея Томасимæ боксы дунейон федерацийы (IBF) титулæн æнæмæнгхъæуæг претенденты статусы тыххæй. Ныхмæлæуд нымад не ‘рцыд, Мурæт æртыккаг раунды гонгы фæстæ йæ ныхмæлæууæджы æнæразвæдгонд цæф кæй фæкодта, уый тыххæй. Томас нал сразы тох адарддæр кæнын.

Гасситы Мурæт у дунейон чемпион фӕсивӕды 'хсӕн WBC-йы версимӕ гӕсгӕ, Европӕйы чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ, дунейы интерконтиненталон чемпион IBF-йы версимӕ гӕсгӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0