Гасситы Мурæт: мæ уæлахиз нывонд кæнын æппæт Ирыстонæн

© FacebookГасситы Мурæт Шиммелимæ тохы размæ
Гасситы Мурæт Шиммелимæ тохы размæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксер банысан кодта, йæхи кæй цæттæ кодта дæргъвæтин тохмæ, ныхмæлæууæг уыд серьезон, фæлæ йæ бантыст фæсайын æмæ нокауты арвитын.

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik. Гасситы Мурæт йæ уæлахиз нывонд кæны ӕппӕт Ирыстонæн, загъта уый Sputnik, Джордан Шиммелы ныхмæ тохы фæдыл комментаритæ аразгæйæ.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт нокаутæй бакодта йæхицæн фæндаг чемпионы титулмæ

Гасситы Мурæт æртыццæджы райсом ауагъта тох IBF (International Boxing Federation) версимæ гæсгæ дунейы чемпионы титулмæ претенденты номы тыххæй. Фыццаг раунды кæронмæ ма 10 секунд куы баззад, уæд йæ ныхмæлæууæджы арвыста нокауты, æмæ профи рингыл йæ уæлахизты нымæц скодта 23-йы онг.

"Ауадзгæ ныхмæлæудæй æз дæр æмæ мæ командæ дæр баззадысты райгондæй. Уæлахиз нывонд кæнын æппæт Ирыстонæн", — загъта Гасситы Мурæт.

Уый банысан кодта, йæхи кæй цæттæ кодта дæргъвæтин тохмæ.

"Мæхи цæттæ кодтон 12 раундмæ иууылдæр, уымæн æмæ ныхмæлæууæг уыд серьезон. Бантыст мын асайын æмæ рамбулын. Ныр фæстæмæ аздæхдзæн Big bear базæмæ дарддæр мæхи цæттæ кæнынмæ. Мæ уæлахизмæ мын чи æнхъæлмæ каст, уыдонæй алкæмæн дæр зæгъын стыр бузныг", — банысан кодта боксер.

Ацы уæлахиз Гассийы фыртæн ратдзæн фадат стох кæнын фембæлд Виктор Рамирес — Денис Лебедевы уæлахиздзауимæ, кæцы уагъд æрцæудзæн 21 майы.

Ног хабӕртты лентӕ
0