Цхинвайлаг каратисткӕ Дудайты Донна ссис Хуссар федералон зылды ерысты призер

© Дудайты Доннайы архивӕй ист къамЦхинвайлаг каратисткӕ Дудайты Донна ссис Хуссар федералон зылды ерысты призер
Цхинвайлаг каратисткӕ Дудайты Донна ссис Хуссар федералон зылды ерысты призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг каратисткӕйӕн ацы уӕлахиз ӕрбакодта фӕндаг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны киокусин-кан каратейы секцийы хъомылгӕнинаг Дудайты Донна бацахста ӕртыккаг бынат Хуссар федералон зылды ерысты.

Ерыстӕ уагъд цыдысты Сочийы. Ӕвзонг каратисткӕйӕн ацы уӕлахиз ӕрбакодта фӕндаг Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.

"Мӕн бахъуыд архайын 35-50 килограммы уӕзы категорийы. Мӕ уӕз у 36 килограммы, мӕ ныхмӕлӕуджытӕ та уыдысты 48, науӕд та 50 килограммы уӕзы, уымӕ гӕсгӕ мӕ сӕ уӕзӕй ахастой. Иу килограмм ма цъусдӕр куы уыдаин, уӕд стох кодтаин къаддӕр уӕзы ӕмӕ хуыздӕр ӕнтыст бафтыдаид мӕ къухы", — радзырдта Sputnik ерысты призер Дудайты Донна.

© SputnikДудайты Донна ерысты рӕстӕджы
Донна Дудаева на тренировках - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дудайты Донна ерысты рӕстӕджы

Уый ма банысан кодта, ныр та йӕхи кӕй цӕттӕ кӕны йӕ спортивон карьерӕйы сӕйрагдӕр ерыстӕм — Уӕрӕсейы фыццагадмӕ киокусин-кан картейӕ, кӕцытӕ уагъд ӕрцӕудзысты августы мӕйы Анапӕйы.

Хуссар федералон зылды киокусин-кан каратейы ерысты хайад райстой Хуссар Иры ацы спорты хуызы секцийы хъомылгӕнинӕгтӕ ӕхӕсӕзӕй. Дудайты Донна архайдта 8-12 азы кары спортсменты ‘хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0