Тедеты Бахва: Зæгъойты Аланы травмæ тренертæн æрхаста сæрниз

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæЗæгъойты Алан
Зæгъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зæгъойты Алан Евро -2016-мӕ кӕй нӕ ацӕудзӕн, уый æппæрццагæй бандавдзæн командæйы хъазтыл.

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Зæгъойты Аланы травмæ æрхаста сæрниз æмбырдгонды тренертæн, йæ нæуæвын æппæрццагæй бандавдзæн командæйы хъазтыл, банысан кодта спорты фӕдыл парламентон комитеты сæргълæууæг, Уæрæсейы чемпион Тедеты Бахва.

Футболист Зæгъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæгъойты Алан 2016 азы нæ ацæудзæн Европæйы чемпионатмæ

Зæгъойты Алан нæ цæуы Европæйы чемпионат — 2016-мæ, фехъусын кодта Уæрæсейаг футболон цæдис. Уый райста травмæ Казаны "Рубин"-имæ фембæлды рæстæджы.

"Йæ бæсты йын искæй бакæндзысты, фæлæ Аланы травмæимæ командæ бирæ фесафдзæн æмæ тренертæн æрхæсдзæн стыр сæрниз", — банысан кодта Бахва.

ЕВРО-2016 рæстæджы не ‘мбырдгонды шанстыл дзургæйæ, футболист банысан кодта, алцыдæр баст кæй у фыццаг хъазтимæ.

"Англис — Уæрæсейы фыццаг хъазтимæ бирæ баст у. Командæ æнтыстджынæй куы ахъаза (æмдыхæй дæр), уæд командæйы уæнгты бацæудзæн ныфс", — загъта Тедеты Бахва.

Зæгъойты Аланы бæсты æмбырдгонды скондмæ бакодтой "Краснодар"-ы æрдæгхъахъхъæнæг Дмитрий Торбинскийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0