Цхинвайлаг каратисткæтæ "Мирный Кавказ"-æй ӕрхастой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист

© Дудайты Доннайы архивæй къамЦхинвайлаг каратисттæ "Мирный Кавказ"-ы
Цхинвайлаг каратисттæ Мирный Кавказ-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахиздзаутæ ссисты Дудайты Донна æмæ Гаглойты Дина, дыккаг бынат та бацахста Тадтаты Софья.

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг каратисткæтæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майдан æфсæддон дæсныйæдты фестиваль "Мирный Кавказ"-ы, фехъусын кодта Sputnik РХИ Киокусинкан каратейы федерацийы сæйраг тренер Созаты Владимир.

Цхинвайлаг каратисткӕ Дудайты Донна ссис Хуссар федералон зылды ерысты призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг каратисткӕ Дудайты Донна ссис Хуссар федералон зылды ерысты призер

Ӕппӕтуӕрӕсейаг ӕфсæддон дæсныйæдты фестиваль "Мирный Кавказ" цыд Дзæуджыхъæуы. Хайад дзы райстой Цӕгат Кавказы бӕстӕтӕй мин спортсменӕй фылдӕр. Хуссар Ирӕй ерысты уæлахиздзаутæ ссисты Дудайты Донна æмæ Гаглойты Дина, дыккаг бынат та бацахста
Тадтаты Софья.

"12-13 азы кары спортсменты хсæн 45 килограммы уæзы уæлахиздзау ссис Дудайты Донна, уый финалы басаста цæцæйнаг спортсменкæйы. 50 килограммы уæзы та фыццаг бынатыл тох цыд дыууæ цхинвайлаг спортсменкæ Гаглойты Дина æмæ Тадтаты Софьяйы хсæн. Ныхмæлæуды тыхджындæр разынд Гаглойты чызг æмæ уыйхыгъд ссис уæлахиздзау, Софья та райста дыккаг бынат", — радзырдта тренер.

Уый ма банысан кодта, райгондæй кӕй баззад йæ хъомылгæнинæгты ралæудтæй.

"Хорз стох кодтой ӕртӕ дӕр, сӕхи ӕмӕ республикӕ равдыстой аккагӕй. Иу мæйы фӕстæ та нæм æнхъæлмæ кæсы ног ерыстæ æмæ сæм ныридæгæн нӕхи цæттæ кæнын райдайдзыстæм", — бафтыдта йæ ныхæстæм тренер.

Хуссарирыстойнаг спортсментæн ерыстæм ацæуыны хæрдзтæ бамбæрзта Дзауы районы администрацийы сæрдар Чилæхстаты Владимир.

Ӕппӕтуӕрӕсейаг ӕфсæддон дæсныйæдты фестиваль "Мирный Кавказ" уагъд цӕуы 2007 азӕй фӕстӕмӕ, йӕ нысан — хӕларон бастдзинӕдтӕ райтынг кӕнын Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнты адӕмты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0