Мини-футболæй Козаты Левы номарæн турниры уæлахидзау ссис 5-ӕм скъола

© Sputnik / Алексей Ковалевминифутбол
минифутбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры дыккаг бынат бацахста гимнази "Рухс"-ы командæ æмæ æртыккаг бынатыл та ацыд ивгъуыд азы уæлахиздзау – 2-ӕм скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фæбæрæг ис Ирыстоны зынгхуыст хъайтар Козаты Левы æхсæзæм номарæн мини-футболы турниры уæлахиздзау. Ерысты фыццаг бынат бацахста Цхинвалы 5-ӕм скъолайы командӕ.

Мини-футболы турнир цыд Цхинвалы 4-æм ноябрæй фæстæмæ. Йӕ финал ын снысан кодтой Козаты Левы райгуырӕн бонмӕ. Ӕвзӕр боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, цыппар командӕйӕ алкӕцы дӕр тырныдта уæлахиздзау суæвын кӕнӕ призон бынæттæ бацахсынмæ.

© Sputnik / Алексей КовалевКозаты Левы номарæн турнир Цхинвалы
минифутбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Левы номарæн турнир Цхинвалы

Матчтæм йæ цæст дардта Козаты Левы фыды æфсымæр, футболы тренер Козаты Вячеслав.

"Левик уыд хорз, перспективон футболист. Нæ йын бантыст цæрын. Фæлæ не ‘хсæнӕй ацыд хъайтарæй. Стыр бузныг, æрвыл аз йын йæ ном кæй ссарынц æмæ азæй-азмæ кӕй фылдæр кæныц йӕ мысӕн турниры архайæг командæты нымæц дæр", — загъта Левы фыды ӕфсымӕр Козаты Вячеслав.

Фыццаг бынатыл тох кодтой гимнази "Рухс" æмæ 5-ӕм скъолайы командæтӕ. Турниры æртыккаг бынатыл тох та цыд 2-æм скъола æмæ гимнази "Альбион"- ы æвзонг футболистты хсæн.

Цымыдисон ӕмӕ эмоционалон хъӕзтыты фӕстиуӕгӕн уӕлахиздзау бацис Цхинвалы 5-ӕм скъолайы командӕ. Дыккаг бынат бацахста гимнази "Рухс" ӕмӕ æртыккаг бынатыл та ацыд ивгъуыд азы уæлахиздзау — Цхинвалы 2-ӕм скъолайы командæ.

© Sputnik / Алексей КовалевКозаты Левы номарæн турнир Цхинвалы
Турнир по мини-футболу имени Льва Козаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Левы номарæн турнир Цхинвалы

Дыууæ къуырийы дæргъы ерысты фæстиуæгæн ма фæбæрг сты турниры хуыздæр хъазджытæ дæр. Хуыздæр размæбырсæгыл нымад æрцыд 5-ӕм скъолайы ахуырдзау Галуанты Аслан. Хуыздæр дурагæс разынд 2-æм скъолайы командæйы хъазæг Бибылты Андрей. Турниры хуыздæр хъазджыты нымӕц ма баххӕст кодта гимнази "Рухс"-ы командӕйы хъахъхъæнæг Къæбысты Дауыт.

Уæлахидзау командӕ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ, майдантæ, грамотӕтæ æмæ пуртитæй. Финалон тох фенынмæ æмæ призерты хорзæх кæнынмæ бацыдысты спорты комитеты, горæты администрацийы спорты хайады æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

© Sputnik / Алексей КовалевКозаты Левы номарæн турнир Цхинвалы
минифутбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Левы номарæн турнир Цхинвалы
Мадзалы фæстæ йæ архайджытæ дидинтæ сæвæрдтой Козаты Левы цыртыл, кӕцы ӕвӕрд ис, кӕм фӕмард, уыцы бынаты — Цхинвалы Хъайтарты уынгыл.

Ирыстоны хъайтар Козаты Лев фæмард 2008 азы августы Гуырдзыйы агрессийы рæстæджы. Знаджы ныхмӕ тох кӕнгӕйӕ уый равдыста стыр хъӕбатырдзинад. Йæ амæлæты фæстæ Козаты Лев хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уæлдæр æфсæддон хорзæх —Уацамонгæйы орденæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0