Цӕгатирыстойнаг богалтӕ рамбылдтой Къудухты Бесикы номарӕн турнир Цхинвалы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæВольная борьба
Вольная борьба - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зындгонд спортсмен Къудухты Бесикы номарӕн ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны 25-27 ноябры ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджыты Ирыстон, Кӕсӕг – Балхъар, Абхаз, Дегестан ӕмӕ Сомихстонӕй.

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг богалтӕ ссисты Къудухты Бесикы номарӕн уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры лидертӕ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы фӕдыл комитеты пресс-службӕйы.

"Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр уӕзы категориты призон бынӕтты нымӕцмӕ гӕсгӕ турниры лидертӕ ссисты спортсментӕ РЦИ-Аланийӕ. Дыккаг бынат бацахстой Дагестаны спортсментӕ, ӕртыккаг бынат та адих кодтой Хуссар Ир ӕмӕ Кӕсӕг —Балхъары богалтӕ", — загътой пресс-службӕйы.

Турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты схорзӕхджын кодтой кубоктӕ, майдантӕ ӕмӕ ӕхцайы лӕвӕрттӕй.

Бесик Кудухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ацæудзæн Къудухты Бесикы номарæн æхсæнадæмон турнир хъæбысхæстæй

Зындгонд ирон хъæбысӕйхæцæг, олипмипаг хъæзтыты дыууæ хатты призер Къудухты Бесикы номарæн ӕхсӕнадӕмон гом турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны 25-27 ноябры ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджыты Ирыстон, Кӕсӕг — Балхъар, Абхаз, Дегестан ӕмӕ Сомихстонӕй.

Турнир уагъд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты федераци, Къудухты Бесикы номыл фонд, Спорт, туризм æмæ фæсивæдон политикæйы комитеты æмархайдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0