Цхинвайлаг дæс ӕрыгон боксеры рамбылдтой Дзæуджыхъæуы фыццагад

© Sputnik / Фатима ПлиеваДавид Айрапетяны номыл кубокы уæлахиздзаутæ
Давид Айрапетяны номыл кубокы уæлахиздзаутæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры фæстиуджытæм гæсгæ, цхинвайлаг боксертæй фидар спортивон удыхъæд чи равдыста æмæ туриры уæлахиздзауты нымæц чи баххæст кодта, уыдон 12 январы та архайдзысты Цæгат Ирыстоны ӕппӕтреспубликон фыццагады.

ЦХИНВАЛ, 27 дек — Sputnik. Хуссар Иры сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды боксы скъола æмæ спортивон скъола "Олимп"- ы хъомылгӕнинӕгтӕй дæс бацахстой фыццаг бынæттæ Дзæуджыхъæуы фыццагады, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Куымæридтаты Родион.

Международный турнир по боксу к 25 независимости РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксер Дженыкъаты Роберт ссис Цæгаткавказаг ерысты уæлахиздзау

Ерыстæ уагъд цыдысты Дзæуджыхъæуы клуб "Динамо"-ы. Турниры æдæппæтӕй архайдта 100 боксерæй фылдæр, се хсӕн 16 хуссарирыстойнаг ӕрыгон спортсмены дӕр.

"Нӕ лӕппутӕ дæсæй ссисты уæлахиздзаутæ. Уымӕй дарддӕр ма нӕ боксертӕй иу райста дыккаг бынат, иу та æртыккаг. Нæ хъомылгæнинæгтæ иууылдæр равдыстой бæрзонд спортивон цæттæдзинад æмæ се ʻппæтæй дæр стæм сæрыстыр", — загъта тренер.

Тренертæ сæрыстырæй баззадысты канд уæлахидзаутæй нæ, фæлæ ма призон бынæттæ чи нæ райста, уыдонæй дæр.

Бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕлтӕрӕй фӕлтӕртӕм. Бокс – Тедеты бинонты иумӕйаг професси

"Гуыцмæзты Георгий æмæ Куымæридтаты Эдуард фыццаг хатт афтыдысты ахæм ерысæм æмæ райстой фыццаг бынæттæ. Бæгъиаты Хъазбегæн та йæ ныхæмæлæууæг разынд фæлтæрд æмæ йæ кæд нæ басаста, уæддæр равдыста рæсугъд тох ӕмӕ бӕрзонд спортивон цӕттӕдзинад", — банысан кодта Куымæридтаты Родион.

Турниры фæстиуджытæм гæсгæ, цхинвайлаг боксертæй фидар спортивон удыхъæд чи равдыста æмæ туриры уæлахиздзауты нымæц чи баххæст кодта, уыдон 12 январы та архайдзысты Цæгат Ирыстоны ӕппӕтреспубликон фыццагады. Уыцы спортивон мадзалы уӕлахиз та чысыл боксертæн айгӕрддзӕн фæндаг æппæтуæрæсейон ерыстæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0