ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik. Мӕскуыйаг футболон клуб ӔЦСК ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан ӕрӕвнӕлдта тренировкӕтӕм йӕ фӕсонты травмӕйы фӕстӕ, загъта агентад "Р-Спорт"-ӕн футболист йӕхӕдӕг.
Зӕгъойты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, проблемӕтӕ фӕзындысты отпускы фӕстӕ, йӕ уӕлдай килограмтӕ аппарыны тыххӕй активонӕй куы тренировкӕ кодта, уӕд.
"Баппӕрстон уӕлдай цыппар-фондз килограммы. 27 декабрӕй фӕстӕмӕ райдыдтон активонӕй тренировкӕ кӕнын отпускы, Дубаийы иудадзыг хъазыдтӕн теннисӕй, фӕлӕ 5-6 январы, дыууӕ кило аппаринаг ма мын куы баззад, уӕд тынг срыстысты мӕ фӕсонтӕ. Ницы аразгӕйӕ, мӕ килограмтӕ, кӕй зӕгъынӕй хъӕуы, ӕвиппайды ӕрбаздӕхтысты. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, иу къуыри фаг уыдзӕн, цӕмӕй мӕ спортивон формӕ ӕрцахсон. Ныртӕккӕ активонӕй тренировкӕ кӕнын", — загъта Зӕгъойты Алан.
Спортсмен ма радзырдта, Испанийы цӕуӕг ӔЦСК-йы ахуырадон-тренировкӕгӕнӕн сборты тыххӕй ног сӕйраг тренер Виктор Гончаренкойы къухдариуӕгадӕй, кӕцы фӕлвары хъазты ног схемӕ.
"Нырма мын тынг зын у. Фӕлӕ алыхатдӕр афтӕ вӕййы, куы фӕфӕнды тагъддӕр спортивон формӕйы бацӕуын. Хорз зӕрдӕуы уаг мын ис, лӕппуты уынд мын тынг ӕхсызгон у. Цӕсгомджынӕй кусӕм, уый ӕмрӕстӕджы ахуыр кӕнӕм ног домӕнтыл. Абон бафӕлвӕрдтам тренировкӕты ног схемӕ", — загъта Зӕгъойты Алан.
2017 азы фыццаг тренировкӕгӕнӕн сбор ӔЦСК уадзы Испанийы. Уый адарддӕр уыдзӕн 22 январы онг. ӔЦСК 21 ӕмӕ 22 январы ахъаздзысты хӕларадон матчтӕ.