Дзӕуджыхъӕуы Спартак фӕнд кӕны хуыздӕр фондз командӕты номхыгъдмӕ бахауын

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæОсетинские болельщики
Осетинские болельщики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Спартак –Дзӕуджыхъӕу" дыккаг дивизион "Юг"-ы чемпионаты турнирон таблицӕйы ныртӕккӕ ис 10 бынаты. Командӕйӕн ис 20 очкойы 17 хъазты фӕстиуӕгӕн.

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik, Болататы Алина. Футболон клуб "Спартак — Дзӕуджыхъӕу" фӕнд кӕны бахауын фыццаг фондз хуыздӕр командӕты скондмӕ ныры сезоны фӕстиуджытӕм гӕсгӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодтой клубы цӕстдарӕн советы рабадты.

"Ныртӕккӕ уагъд цӕуы цӕттӕгӕнӕн период, кӕцыйы рӕстӕджы мах сбӕлвырд кӕнӕм нӕ хъӕндзинӕдтӕ. Ӕркасты ма нӕм ис ноджы футболисттӕ ӕмӕ сезоны кӕронмӕ уавӕр фӕивдзӕн хуыздӕрырдӕм", — загъта ФК "Спартак — Дзӕуджыхъӕу"-ы директор Сечъынаты Юрий.

Уый загъта, клубы раз ма кӕй лӕууы ноджы иу хӕслӕвӕрд — фарцхӕцджыты трибунӕмӕ раздахын. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы нысан ӕххӕст ӕрцыд — абоны онг командӕ ахсы фыццаг бынат бацыдты нымӕцӕй дыккаг дивизионы футболон клубты командӕты ӕхсӕн.

Гӕззаты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕззаты Валерий: Ирыстоны футболы тыххӕй стыр бӕллицтӕ баззадысты ивгъуыды

Командӕйы сӕйраг тренер Дзоблаты Марат ныфс бавӕрдта, сезоны дыккаг ӕмбисы "Спартак"-ы фӕстиуджытӕ кӕй фӕхуыздӕр уыдзысты.

"Командӕ арӕзт цыд ногӕй. Футболисттӕн сӕ 90% нӕ уыдысты цӕттӕ чемпионатмӕ. Сезон хорз райдыдтам, фӕлӕ та йӕ фӕстӕ уыд ӕнхъӕлцау къуыхцы. Нӕхӕдӕг дӕр нӕ уыдыстӕм ӕнхъӕл, афтӕ кӕй ныддаргъ уыдзӕн", — загъта тренер.

Уый бафтыдта, кӕй бантыст бахъахъхъӕнын "Спартак"-ы бындурон сконд, ӕндӕр клубтӕй ӕнхъарӕнтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ. Тренеры хъуыдымӕ гӕсгӕ, командӕйы футболисттӕ иууылдӕр ӕвзонг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ клубӕн ис стыр перспективӕтӕ.

Ныртӕккӕ "Спартак —Дзӕуджыхъӕу" дыккаг дивизион "Юг"-ы чемпионаты турнирон таблицӕйы ис 10 бынаты. Командӕйӕн ис 20 очкойы 17 хъазты фӕстиуӕгӕн. Сезоны дыккаг ӕмбисы футболисттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ноджы 13 хъазты, ӕввахсдӕр фембӕлд уагъд ӕрцӕудзӕн 12 марты Ростовы.

Ног хабӕртты лентӕ
0