Гасситы Мурӕт нӕ нывӕнды ӕввахс рӕстӕджы украинӕйаг Усикимӕ тох ауадзын

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæБокс. Тренировка Д.Лебедева и М.Гассиева
Бокс. Тренировка Д.Лебедева и М.Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстойнаг боксеры промоутер нӕ ацух кодта Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александ Усикы фембӕлд рингыл, фӕлӕ ӕввахс рӕстӕджы нӕ.

ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik, Болататы Алина. Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы ныхмӕлӕуд ӕввахс рӕстӕджы нывӕзт нӕу, фехъусын кодта чемпионы промоутер Алексей Васильев.

Аукцион Мурата Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты дыууæ спортивон хæдоны балхæдтой Хуссар Иры боксы музейæн

Раздӕр мыхуыры фӕрӕзтӕ фехъусын кодтой, украинӕйӕг боксер Александр Усикы нывӕзтты тыххӕй IBF версимӕ гӕсгӕ чемпионаг титулы хицау Гасситы Мурӕтимӕ тох ауадзыны фӕдыл.

"Мӕ бон зӕгъын у, ӕввахс нывӕзтты кӕй нӕй Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы тох. Уымӕн ӕмӕ Усик хъуамӕ ауадза ӕндӕр тох Нью-Йоркы. Махӕн чысыл ӕндӕр нывӕзттӕ ис", — загъта Васильев.

Гасситы Мурӕты промоутер нӕ ацух кодта дыууӕ спортсмены фембӕлд, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, "зын у исты нывӕндын, уымӕн ӕмӕ боксы уавӕр ивы тохӕй тохмӕ".

"Фӕлӕ хъуыды кӕнын, раздӕр уа, фӕстӕдӕр уа, уыдон кӕй хъуамӕ фембӕлой. Уыдон сты дыууӕ лидеры фыццаг уӕзы категорийы ӕмӕ цӕмӕй се ‘хсӕн тыхджындӕр сбӕлвырд уа, уый тыххӕй сӕ хъӕуы фембӕлын рингыл", — бафтыдта Васильев.

Гасситы Мурӕт Мӕскуыйы 3 декабры тӕрхонгӕнджыты скъуыддзагмӕ гӕсгӕ рамбылдта Денис Лебедевы IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы номыл тохы.

Ног хабӕртты лентӕ
0