Цхинвайлаг спортсментæй авд ссисты панкратионӕй Цӕгат Иры чемпионтӕ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæАрмейский рукопашный бой. Матчевая встреча по боевым искусствам "Битва Чемпионов IV"
Армейский рукопашный бой. Матчевая встреча по боевым искусствам Битва Чемпионов IV - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонæй ерысты ӕдӕппæт архайдта 22 спортсмены, уыдонӕй призон бынӕттæ бацахстой 17 - авд уæлахизы, цыппар дыккаг бынаты æмæ фондз та æртыккæгтæ. Ерысты уæлахиздзаутæ архайдзысты Цæгат Кавказы турниры.

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik. Хуссарирыстойнаг авд æмбуархæцӕджы рамбылдтой панкратионæй Цæгат Ирыстоны чемпионаты фыццаг бынӕттӕ, фехъусын кодта Sputnik æмбуар хæсты тренер Уалыты Вахтанг.

Ӕвзонг спортсменкӕ Дыгъуызты Вика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызты Вика: мӕ тыхӕй пайда кӕндзӕн ӕрмӕстдӕр рингыл

Цхинвайлаг фæсивæд спорты ацы хуызы — панкратионы — архайдтой фыццаг хатт. Уымæй размæ спортсментӕ ерыс кодтой æмбуар хæстӕй. Бацæттæ сӕ кодтой тренертæ Хъуылымбегты Мамед æмæ Уалыты Вахтанг.

"Панкратион ӕмӕ æмбуар хæсты хсӕн ис бирӕ хицæндзинæдтæ. Фӕлӕ, ногдзинæдтæм æнæкæсгæйæ, нӕ спортсментӕ равдыстой хорз бæрæггæнӕнтæ, авдӕй бацахстой фыццаг бынӕттæ, се ‘хсӕн иу чызг Дыгъуызты Виктория дӕр", — радзырдта тренер.

Æвзонг чызг ацы ерысты баххæст кодта йæ сыгъзæрин хорзæхты нымæц — ацы сыгъзӕрин майдан Викторияйӕн ссис ӕвддӕсӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0