Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕг рабӕрӕг уыдзӕн Влодарчик ӕмӕ Геворы тохы

© Sputnik / Алана СабееваМурат Гассиев после боя с Денисом Лебедевым
Мурат Гассиев после боя с Денисом Лебедевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
IBF титулы ӕнӕмӕнг претенденты номы тыххӕй, кӕцыйы хицау у боксер Хуссар Ирыстонӕй Гасситы Мурӕт, стох кӕндзысты Кшиштоф Влодарчик Польшӕйӕ ӕмӕ Ноэль Гевор Германийӕ.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпионы титулмӕ ӕнӕмӕнг претендент, кӕцыйы хицау у боксер Хуссар Ирыстонӕй Гасситы Мурӕт, сбӕлвырд уыдзӕн 1 апрелы. Ацы бон уагъд ӕрцӕудзӕн тох польшӕйаг боксер Кшиштоф Влодарчик ӕмӕ Сомихстонӕй ацӕугӕ немыцаг Ноэль Геворы ӕхсӕн, хъусын кӕны IBF-ы пресс-службӕ.

Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренер: Гасситы Мурӕт сразы уыдзӕн реваншыл, кӕд ӕмӕ Лебедев равӕра йӕ WBC-ы рон

IBF титул фыццаг уӕззау уӕзы Гасситы Мурӕт рамбылдта фарон декабры уӕрӕсейаг боксер Денис Лебедевимӕ тохы. Чемпионы титулы бахъахъхъӕныны фыццаг ӕнӕмӕнг тох ирон боксер хъуамӕ ауадза сентябры онг.

"Ноэль Гевор ӕмӕ Кшиштоф Влодарчик сӕ тыхтӕ бавзардзысты ӕвзӕрстон тохы 1 апрелы онг. Ацы тохы уӕлахиздзау уый фӕстӕ фембӕлдзӕн рингы Гасситы Мурӕтимӕ", — фехъусын кодтой IBF-ы пресс-службӕйы.

Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц бадзырдтӕ Гасситы Мурӕт ӕмӕ Денис Лебедевы ӕхсӕн тох-реваншы тыххӕй. Фӕлӕ раздӕр боксеры тренер Сланты Виталий Sputnik куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй ацы ныхмӕлӕуд уагъд ӕрцӕудзӕн ӕрмӕстдӕр уӕд, кӕд ӕмӕ Лебедев равӕра йӕ WBC-ы рон.

Ног хабӕртты лентӕ
0