Уӕрӕсейы хъӕбысхӕсты федераци баххуыс кӕндзӕн Хуссар Иры спортсментӕн

© Sputnik / Анна ГогичеваМихаил Мамиашвили, Сослан Рамонов в споркомплексе "Олимп"
Михаил Мамиашвили, Сослан Рамонов в споркомплексе Олимп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы хъӕбысхӕсты федерацийы президент Мамиашвили банысан кодта, Хуссар Ирыстоны алы ӕрыгон боксерӕн дӕр чемпион суӕвынӕн кӕй уыдзӕн алы фадат дӕр.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik, Годжысаты Анна. Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федераци (УУХФ) ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны спортсментӕн, фехъусын кодта брифингы рӕстӕджы УУХФ-йы президент Михаил Мамиашвили.

Подписание соглашения о сотрудничестве федераций борьбы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы хъӕбысхӕсты федерацитӕ бафыстой ӕмгуыстады бадзырд

Уӕрӕсейы уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федераци (УУХФ) бафыста ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстоны Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты федерациимӕ (УХФ).

Документыл сӕ къухтӕ бафыстой УУХФ-ы президент Михаил Мамиашвили ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй УФ-йы ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат, кӕцы фарон октябры ӕвзӕрст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны УХФ-ы президентӕй.

"Мах баххуыс кӕндзыстӕм Хуссар Ирыстоны ӕрыгон спортсментӕн. Уыцы ӕххуыс хӕсдзӕн системон ӕгъдау. Мӕйы ӕмгъуыдмӕ ӕрцӕудзӕн ӕнӕмӕнхъӕуӕг спортивон ифтонггарз", — загъта УУХФ-йы президент брифингы рӕстӕджы спорткомплекс "Олимп"-ы.

Фыццаджыдӕр уал Хуссар Ирыстоны ӕмбыргонд командӕйӕн ӕрхӕсдзысты республикӕйы логотипимӕ 150 комплекты спортивон дарӕс.

Олимпийский десант провел в Цхинвале мастер-класс по вольной борьбе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Олимпиаг десант Цхинвалы ауагъта мастер-кластæ уæгъдибар хъæбысхæстæй

Мамиашвили банысан кодта, "алы хуссарирыстойнаг сывӕллонӕн дӕр, кӕцы абон рахызт гауызмӕ ӕмӕ серьезон ахаст кӕмӕн ис тренировкӕтӕм, уыдзӕн алы фадат дӕр чемпион суӕвынӕн".

Богалтӕ ма журналисттӕн ӕрдзырдтой, спортмӕ ахаст кӕмӕн нӕй, ахӕм нывӕзтты тыххӕй дӕр.

Тедеты Дзамболаты ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ нывӕзтты ис Алайнаг аргъуаны арӕзтад Цхинвалы.

"Арӕзтады нывӕзт ӕмӕ сметӕ ныридӕгӕн цӕттӕ сты, арӕзтады конкретон бынатыл нырма уынаффӕтӕ цӕуынц хицауады сӕргълӕууӕгимӕ", — банысан кодта Тедеты Дзамболат.

Ног хабӕртты лентӕ
0