Хуссарирыстойнаг боксертæ ацæудзысты турнир "Юность России"-мæ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæТурнир по боксу
Турнир по боксу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир райдайдзæн дыццæджы Ставрополы, Хуссар Ирыстоны кад дзы хъахъхъæндзысты æхсæз боксеры.

ЦХИНВАЛ, 20 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг боксертæ хайад райсдзысты æппæтуæрæсейаг турнир "Юность России"-йы Ставрополы, загъта Sputnik боксы тренер Хаситы Владислав.

Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Боксы турниры хорзæхты æмбис рамбылдтой хуссарирыстойнаг спортсментӕ

"Турнир уагъд æрцæудзæн 21 марты Ставрополы. Спорсментæ хорз цæттæ сты æмæ сæ разы æрæвæрдтой уæлахиздзаутæ суæвыны хӕс. Мах стæм ныфсджын уыдонæй æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ", — загъта тренер.

Хуссар Ирыстоны кад ерысты хъахъхæндзысты æхсæз спортсмены 60 кг æмæ уымæй уæлдæр уæзы категорийы.

Ерысты уæлахиздзаутæн уыдзæн фадат æрыгæтты æхсæн Уæрæсейы фыццагады хайад райсын, кæцы ацæудзæн майы мæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0