Тедеты Дзамболат: Уæрæсейы чемпионаты хуымæтæг тохтæ нæ вæййы

© Сайт Федерации борьбы РФ Дзамболат Тедеев
Дзамболат Тедеев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Европæйы чемпионтæ кæцы богалæ ссисты, уыдонæн нæ бантыст сæ уæлахиз сфæлхатт кæнын Уæрæсейы чемпионаты Мæхъæлы

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik. Назраны кæронмæ бахæццæ Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер Тедеты Дзамболат сарæзта хатдзæгтæ æмæ радзырдта бæстæйы чемпионаты æвæрццаг æмæ æппæрццаг уысмтыл, хъусын кæны УФ-йы спортивон хъæбысхæсты федерацийы сайт.

Хетаг Цаболов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ ирон богалы райстой сыгъзӕрин майдантӕ Уӕрӕсейы чемпионаты

Ӕмбырдгонды сæйраг тренер банысан кодта, чемпионат кæй ацыд бæрзонд æмвæзадыл æмæ загъта бузныг оргкомитетæн бакæнгæ куысты тыххæй. Уый банысан кодта, УЧ-ы кæй уыд сюрпризтæ дæр.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, мах хъуыды кодтам Европæйы чемпионтыл — зæгъгæ рамбулдзæн Куруглиев, науæд та Кудиямагомедов. Фæлæ рауад сюрприз æмæ уæлахиздзау ссис Уалыты Владислав", — загъта богалты тренер.

Ирон богалтæй Тедеты Дзамболат рахицæн кодта Цæболты Хетæгы финалон тох æмæ Байаты Давиды уæлахиз дунейы архайгæ чемпион Магомед Курбаналиевыл.

"Цæболы фырт абон тыхджын мæ зæрдæмæ фæцыд, уый тох кодта ныфсджынæй. Дунейы чемпионатыл нырма раджы у дзурын, фæлæ Цæболы фыртæн ис стыр шанстæ йæхи равдисын ацы уæзы афæдзы сæйраг старты дæр", — загъта Тедеты Дзамболат.

Тедеты Дзамболат ма загъта, æмбырдгонд командæмæ хуынд кæй æрцæудзысты Ярыгины номыл турниры финалисттæ æмæ Уæрæсейы чемпионаты призертæ.

Фæлæ дунейы чемпионтмæ æмбырдгонды хатдзæгон сконд раргом кæндзæн турнир Польшæйы.

Владислав Валиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уалыты Владислав ссис Уæрæсейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй

"Дунейы чемпионатмæ мах æрæмбырд кæндзыстæм тыхджын командæ. Нæ тых цæй мидæг ис? Нæ цæттæдзинады. Нæхи иттæг хорз бацæттæ кæндзыстæм æмæ равдисдзыстæм нæ тых дунейы чемпионаты. Разæй нын ис æртæ сборы — Кисловодск, Сочи, Эльбрусгæрон. Уыдзæн турнир Польшæйы дæр æмæ уырдæм, æвæццæгæн, ацæудзысты Парижмæ балцы претенденттæ иууылдæр", — загъта Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренер.

Дунейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй ацæудзæн Парижы 21-26 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0