Фæбæрæг Гасситы Мурӕты ныхмæлæууæг WBSS турниры

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæБокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым
Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Монакойы ацыд халæппæрст ныхмæлæууæг къæйтты фæдыл WBSS финалы цыппӕрæм хайы, цы ран хайад райсдзæн ирон профессионал Гасситы Мурӕт дӕр

ЦХИНВАЛ, 10 июл — Sputnik. Дунейы чемпион фыццаг уæззау уæзы категорийы IBF версимæ гæсгæ Гасситы Мурӕт фембæлдзæн польшæйаг боксер Кшиштоф Влодарчикимæ Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы (WBSS), хъусын кæны агентад "Р-Спорт".

Бокс. Бой между Д. Лебедевым и М. Гассиевым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лебедев: тынг æхсызгон мын уыдзæн Гасситы Мурæтимæ тох ауадзын

Ног турнир райдайдзæн ацы аз сентябры. Архайдзæн дзы 8 разагондæр боксеры дыууæ уæзы категорийы.

Агентады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, финалы цыппæрæм хайы къæйтты рабæрæг кæныны халæппæрст ацыд сабаты Монакойы.

Финалы цыппæрæм хайы тохтæ ацæудзысты ацы аз сентябры-октябры. Ног азы райдайæны ацы тохты уæлахиздзаутæ фембæлдзысты æрдæгфиналты. Алкæцы уæзы категорийы дæр уæлахиздзаутæ рабæрæг уыдзысты 2018 азы майы æмæ райсдзысты Мохаммед Алийы (Muhammad Ali Trophy) приз. Призон фонд у 50 милуан доллары.

Ног хабӕртты лентӕ
0