Ирон дзюдоисткæ рамбылдта æвзист майдан Европæйы кубокы

© Газета "Слово"Таймæзты Мæдинæ йæ тренеримæ
Таймæзты Мæдинæ йæ тренеримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзюдойæ Европæйы кубокы æвзист призер ссис Таймæзты Мæдинæ

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Юниорты æхсæн Европæйы чемпионаты ирон дзюдоисткæ Таймæзты Мæдинæ рамбылдта æвзист майдан, хъусын кæны газет "Слово".

Знауыраг дзюдоисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыраг дзюдоисттӕ рамбылдтой ӕхсӕнадӕмон турнир Петербурджы

Таймæзты чызг ауагъта фондз ныхмæлæуды, уыдонæй цыппар балхынцъ кодта æмгъуыдæй раздæр. Финалон тохы уый фæхæрд ис немыцаг спортсменкæ Алина Боемæн.

"Райгонд дæн мæ архайдæй, фæлæ финалон тох фембылдтæн рæдыды тыххæй, кæд æмæ мæ бон уыд рамбулын. Хорз райдыдтон, фæлæ партеры мæхи ауагътон", — загъта дзюдоисткæ.

Европæйы кубок уагъд цыд Чехийы столицæ — Прагæйы.

Таймæзты Мæдинæйы ерыстæм цæттæ кодта тренер Джиоты Герас.

Ног хабӕртты лентӕ
0