Ирон богалтæ райстой 14 хорзæхы Къудухты Бесикы номыл турниры

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæБесик Кудухов
Бесик Кудухов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
23-24 сентябры Краснодары цыд олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты призер, дунейы цыппар хатты чемпион Къудухты Бесикы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik. Ирыстоны æмбырдгонд райста 14 хорзæхы Къудухты Бесикы номарæн турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ. 

"Турнир цæуы æртыккаг хатт, ацы аз уæлахиздзауы номæй дарддæр дæтта Уæрæсейы спорты мастеры нормативтæ сæххæст кæныны фадат. Ерыстæ организацигонд цыдысты Краснодары крайы спорты министрады тыхтæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Ерысты фыццаг бон ирон богалтæ рамбылдтой иу сыгъзæрин æмæ æртæ бронзæ майданы. 74 кг уæзы уæлахиздзау ссис Гаглойты Ростислав, бронзæ майдантæ райстой Цæкъуылты Батырбег, Хæбæлаты Чермен (дыууæ дæр 96кг) æмæ Георгий Хачатурянц (74кг).

Къудухты Бесик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къудухты Бесикы æртыккаг номарæн турнир ацæудзæн Краснодары

Дыккаг бон Ирыстоны æмбырдгондæн æрхаста цыппар сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ цыппар бронзæ майданы.

Къудухты Бесик райгуырд Хуссар Ирыстоны, Ленингоры районы. У 2008 азы Пекины олимпиадæйы бронзæйон призер, 2012 азы Лондоны олимпиаг хъæзтыты æвзист майданы хицау, дунейы цыппар хатты чемпион, Европæйы чемпион æмæ Уæрæсейы фондз хатты уæлахиздзау.

Æрвылаз номдзыд ирон богалæн нывонд турнир саразынц Хуссар Иры дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0