Ирон богалтæ райсдзысты хайад турниры Грознæйы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæТурнир уæгъдибар хъæбысхæстæй
Турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Байаты Давид æмæ Цæболты Хетæг стох кæндзысты дыууæ командæйы сконды уæгъдибар хъæбысхæстæй æхсæнадæмон турниры "Мемориал Ахмата Кадырова"

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Дыууæ ирон богалы райсдзысты хайад æхсæнадæмон турниры "Мемориал Ахмата Кадырова" Грознæйы, хъусын кæны Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы пресс-службæ. Ерыстæ ацæудзысты сабаты, 7 октябры командон форматы – "сис –сисыл".

Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал рамбылдта сыгъзæрин майдан Европæйы чемпионаты

Уæрæсейы æмбырдгонды сконды гауызмæ рахиздзысты юниорты æхсæн дунейы архайгæ чемпион Байаты Давид. Уый стох кæндзæн 70 кг уæзы категорийы. Ноджы ма иу ирон богал Цæболты Хетæг турниры хъахъхъæндзæн клуб "Ахмат"-ы спортивон кад. Уый фембæлдзæн ныхмæлæуджытимæ 74 кг уæзы категорийы.

Ӕдæппæт турниры райсдзысты хайад аст командæйы: Узбекистан, Кыргызтан, Казахстан, Турк, Беларусь, Европæ, Уæрæсейы æмбырдгондтæ, афтæ ма клуб "Ахмат"-ы минæвæрттæ.

Турниры ма Уæрæсейы æмбырдгонды сконды хъуамæ райстаид хайад дунейы чемпионаты призер Уалыты Владислав дæр, фæлæ райсгæ травмæты фæстиуæгæн æй тренертæ баивтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0