Цхинвалы ацыд мотозгъорд Гасситы Мурæты уæлахизы цытæн

© Sputnik / Диана Валиева Цхинвалы ацыд мотозгъорд Гасситы Мурæты уæлахизы цытæн
Цхинвалы ацыд мотозгъорд Гасситы Мурæты уæлахизы цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксеры цыткæнынады инициатор уыд президент Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Цхинвайлаг байкертæ æрæмбырд сты, цæмæй банысан кæной боксæй дунейы чемпион Гасситы Мурæты уæлахиз. Мотозгъорды хайад райстой фараст байкеры, кæцытæ æрзылдысты æнæхъæн горæтыл.

Гасситы Мурæт æмæ Кшиштов Влодарчик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт vs Кшиштоф Влодарчик: ирон арвыста нокауты польшæйаг боксеры

"Не ′мзæххоны цытæн мах сфæнд кодтам мотозгъорд акæнын. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уымæй мах равдисдзыстæм, куыд сæрыстыр æмæ сæрбæрзонд сты республикæйы цæрджытæ не ′фсымæрæй, кæцы айхъуысын кодта Ирыстоны ном йæ нæргæ уæлахизæй", — загъта байкерон клубы сæргълæууæг Лæууойты Сева.

Мотозгъорды ма хайад райста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

Боксæй дунейы чемпион Гасситы Мурæт Кшиштоф Влодарчикимæ тохы бахъахъхъæдта йæ чемпионаг титул, ныхмæлæууæджы нокауты арвитгæйæ.

© Sputnik / Диана Валиева Байкерон клубы сæргълæууæг Лæууойты Сева
Глава байкерского клуба Сева Лавоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Байкерон клубы сæргълæууæг Лæууойты Сева
Ног хабӕртты лентӕ
0