Бæлвырд æрцыд Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы тохы датæ

Рафыссын
Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы æхсæн тох ацæудзæн 20 январы

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Фыццаг уæззау уæзы IBF версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мурæт æмæ кубинаг Юниер Дортикос ауадздзысты Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы æрдæгфиналон тох 2018 азы 20 январы. Уый тыххæй радзырдта Мурæты промоутер Алексей Васильев газет "Слово"-йы пресс-конференцийы рæстæджы.

Гасситы Мурæты тренертæ Абель Санчес æмæ Сланты Виталий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сланты Виталий: Гасситы Мурæты америкæйаг тренер у иттæг хорз специалист

Ныхмæлæуды бынат нырма бæлвырд нæу. Ис дыууæ варианты – АИШ æмæ Уæрæсе.

Фарст, кæм æй фæнды тох ауадзын – Уæрæсе æви Америкæйы – уымæн дзуапп кæнгæйæ, Мурæт загъта, уæлдай йын кæй нæу, кæм – сæйрагдæр у рамбулын æмæ йæ адæмы зæрдæ барухс кæнын.

"Хорз уаид тох ам ауадзын, цæмæй фарсхæцджыты нымæц уа фылдæр. Фæлæ мæ фæстаг тох равдыста, мæ адæм куыд ныфсджын сты мæ уæлахизæй æмæ сæ куыд уырны мæ тых. Адæм æнхъæлмæ кастысты мæ тохмæ – уымæн стыр аргъ ис, уый тыххæй хъæуы тох кæнын æмæ уæлахиздзауæй хизын тохæй. Кæд æмæ тох сфæнд кæной мæйыл ауадзын, уæддæр цæттæ дæн бокс кæнын", — хъусын кæны Гасситы Мурæты ныхæстæ Ossetia News.

Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурæт æмæ Юниер Дортикосы промоутер загъта, кæй нымайы фаворитыл

Чемпион радзырдта, уымæн нысаниуæгджын кæй у, цæмæй тохы рæстæджы йæ цуры уой йæ хиуæттæ æмæ хисæрмагонд тренер Сланты Виталий, уымæн æмæ йæ къухдариуæгады бын Мурæтæн бантыст 19 профессионалон тохы рамбулын.

Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы ¼ хайы Гасситы Мурæт арвыста нокауты польшæйаг Кшиштоф Влодарчикы. Ацы уæлахиз ирон боксерæн фадат радта турниры æрдæгфиналмæ ахизын.

Ног хабӕртты лентӕ
0