IRON: амондджын дæн, мæ тох кæй фендзысты мæ бинонтæ

Рафыссын
Ӕрдæгфиналон тох Ӕппæтдунейон боксерон суперсерийы (WBSS) ирон боксер Гасситы Мурæт æмæ кубæйаг Юниер Дортикосы хсæн ацæудзæн 3 февралы Сочийы

ЦХИНВАЛ, 5 дек — Sputnik, Сабеты Аланæ. Ирон боксер Гасситы Мурæт æмæ кубæйаг Юниер Дортикосы хсæн тох ацæудзæн Фыццаг æхсæнадæмон боксерон форумы фæлгæтты. Формуы архайдзысты 200 бæстæйæ фылдæр æмæ 40 промоутерон компанийы, уый рабæрæг ӔИА "Россия сегодня"-йы пресс-конференцийы рæстæджы.

Гасситы-Дортикос - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Дортикосы тох ацӕудзӕн Сочийы

Сæ хайадист развæлгъау сбæлвырд кодтой боксы дунейы дæс стъалыйы.

Гасситы-Дортикосы тохы уæлахиздзау суыдзæн титултæ IBF æмæ WBA хицау фыццаг уæззау уæзы.

"Дыууæ дæр сты аккаг боксертæ, мах ныфс ис, Мурæт кæй рамбулдзæн æмæ финалы фембæлдзæн Усикимæ. Финалон тохы бар балхæдта Саудовская Аравия, фæлæ кæд финалы тох кæна Мурæт, уæд бацархайдзыстæм ацы бартæ балхæнын æмæ тох Мæскуыйы ауадзын", — загъта промоутер Евгений Вайнштейн.

Гасситы Мурæт йæхæдæг журналисттимæ аныхас кодта Лос-Анджелесæй бастдзинады руаджы. Уый радзырдта, куыд цæттæ кæны йæхи ацы ахсджиаг тохмæ.

"Нырма мæхи цæттæ кæнын. Къуыри–дыууæйы фæстæ райдайдзысты спаррингтæ. Тынг æхсызгон мын у, Дортикосимæ тох кæй ацæудзæн Уæрæсейы. Хæдзары кæй тох кæнын, уый мыл æвæры уæлæмхас бæрндзинад, фæлæ мæнæн ницы нысаниуæг ис, кæм рахиздзынæн рингмæ", — банысан кодта боксер.

Гасситы Мурæт куы рамбула тох, уæд суыдзæн æртæ роны хицау. Цыппæрæм рон WBA версимæ гæсгæ нырма ис уæрæсейаг Денис Лебедевмæ, кæцыйы Мурæт рамбылдта ивгъуыд аз декабры.

"Денисмæ мæ ахаст нæ фæивтон тохы фæстæ. Лебедевæн фадат уыд нæ фыццаг фембæлды фæстæ ауадзын ног тох, фæлæ цæмæдæр гæсгæ уый нæ саразæта", — бафтыдта Мурæт.

Октябры Гасситы Мурӕт нокауты арвыста польшӕйаг Кшиштоф Влодарчикы ӕмӕ рахызт турниры ӕрдӕгфиналмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0