Боксы тренер: ӔОК уынаффӕ дӕлдзиныг кӕны Ирыстоны бартӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваРеспубликон сывӕллӕтты боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕт
Республикон сывӕллӕтты боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикон сывӕллӕтты боксы скъолайы директор комментаритӕ сарӕзта, Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды Олимпиадӕ-2018 кӕй нӕ бауагътой, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитеты (ӔОК) уынаффӕ уӕрӕсейаг ӕмбырдгондӕн Олимпиадӕ-2018 ӕрмӕстдӕр нейтралон тырысайы бын хайад райсыны фӕдыл у Уӕрӕсейы спортивон кад фӕныллӕгдӕр кӕныны фӕнд, загъта Sputnik Республикон сывӕллӕтты боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕт.

Олимпиада-2018 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы æмбырдгонды нæ бауагътой Олимпиадæйы архайынмæ

Боксеры хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӔОК уынаффӕ дӕлдзиныг кӕны ирон спортсменты бартӕ, кӕцыты фылдӕр ерысты фӕархайы уӕрӕсейаг тырысайы бын.

Ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет аскъуыддзаг кодта, Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕйӕн кӕй нӕй бар 2018 азы Хуссар Кореяйы Олимпиадӕйы сӕхи тырысайы бын ралӕууын. ӔОК банымадта, Уӕрӕсейы паддзахадон ӕмвӕзадыл сӕй сарӕзтой допингӕй пайда кӕныны системӕ. Хъӕзтыты хайад райсыны бар ис ӕрмӕстдӕр уыцы спортсментӕн, кӕцыты нӕ фӕаххосджын кодтой допингӕй пайда кӕныны.

"ӔОК уынаффӕ дӕлдзиныг кӕны Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны бартӕ, уымӕн ӕмӕ ирон спортсменты фылдӕр ерысты фӕархайы уӕрӕсейаг тырысайы бын. Уӕрӕсейы ис тынг бирӕ тыхджын спортсментӕ, ӕмӕ политикон санкциты руаджы ӔОК иуварс кӕны аккаг ныхмӕлӕуджыты, цӕмӕй сӕхи спортсментӕ ӕмбулой", — загъта Кокойты Мурӕт.

2016 азы ӔОК ахæм фарстмæ æркаст, фæлæ уæд Олимпиадæмæ нæ бауагътой æрмæст дæр рог атлетикæйы æмбырдгонды, аннæ спортсментæ архайдтой Уæрæсейы тырысайы бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0