Рæмонаты Сослан æмæ Цæболты Хетæг стох кæндзысты Индийы чемпионаты

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæРæмонаты Сослан
Рæмонаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ ирон хъæбысхæцæджы тох кæндзысты дыууæ хицæн клубты сконды

ЦХИНВАЛ, 8 янв — Sputnik. Дыууæ ирон богалы Рæмонаты Сослан æмæ Цæболты Хетæг стох кæндзысты Индийы лигайы чемпионаты. Ирон хæбысхæцджытæ архайдзысты дыууæ хицæн клубты сконды, хъусын кæны WRESTRUS.RU.

9 январы Нью-Делийы райдайдзæн нымадмæ гæсгæ æртыккаг спортивон хъæбысхæстæй Индийы лигайы чемпионат.

Тохты архайдзæн æхсæз клубы, уыдон сконды дыууæ ирон богал æмæ иу уæрæсейаг хъæбысхæцæг Ильяс Бекбулатов. Ерыстæм ма раразмæгон æрцыд æндæр ирон спортсмен Кетойты Георгий дæр.

Олимпиаг уæлахиздзау Рæмонаты Сослан тох кæндзæн 65 кг уæзы клуб "Mumbai Maharathi"-ы сконды, Цæболты Хетæг та 74 кг уæзы хъахъхъæндзæн "Haryana Hammers"-ы спортивон кад.

Ерысты финал нысан æрцыд 26 январьмæ. Ацы бон ма райдайдзæн Красноярскы рейтингон турнир Гран-при "Иван Ярыгин-2018", уым дæр архайынц дыууæ ирон богалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0