Дунейы кубокы этап конкурæй: Тугъанты Владимир хъахъхъæны УФ кад

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæТугъанты Владимир
Тугъанты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Emirates Equestrian Club Dubai- ы райдыдта Ӕхсæнадæмон турнир конкурæй

ЦХИНВАЛ, 18 янв— Sputnik. Иугонд арабаг эмиратты (ИАЭ) райдыдта турнир конкурæй. Ерысты Уæрæсйеы кад хъахъхъæндзæн æхсæнадæмон классы спорты дæсны, цæгатирыстойнаг бæхты-спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Тугъанты Владимир, хъусын кæны Евроспорт.

Цæгатирыстойнаг бæхты-спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Тугъанты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг барæг ссис иууыл хуыздæр бæхты спортæй дунейы кубокы

Ерысты райсдзысты хайад барджытæ Ӕввахс Скæсæн, Стыр Британи, Бельги, Голланди, Португали æмæ Италийæ.

" CSI4*-W ерыстæ райдыдтой Персы бакæлæны хуссар донбылгæрон Абу-Дабийы Бæхты клубы. Иугонд Арабаг эмиратты "зымæгон" боныгъæд уыдзæн тынг хорз спортсментæн дæр æмæ бæхтæн дæр", — дзырдæуы хъусинаджы.

Владимир фехъусын кодта, кæй исдзæн хайад дыууæ бæхыл: Суспенс Форевел æмæ Калидамыл.

Тугъанты Владимир у зынгæ æмæ популярон минæвар бæхты спорты Ӕввахс Скæсæны. Ивгъуыд азы кæрон йæ иууыл ирддæр уæлахиз уыд Катары столицæ Дохæйы ацæугæ Дунейы кубокы конкурæй, цы ран бацахста фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ программæйы æндæр æмæ æндæр хуызты æмæ ссис турниры иууыл хуыздæр спортсмен.

Ног хабӕртты лентӕ
0