Уæлахизмæ 13 ирон претенденты: фидар æрцыд турнир "Иван Ярыгин"-ы сконд

Рафыссын
Турниры кæцыдæр уæзы категориты архайы фæйнæ æртæ ирон хъæбысхæцæджы

ЦХИНВАЛ, 24 янв — Sputnik. Ӕртындæс ирон богалы хайад райсдзысты æппæтадæмон турнир Гран-При "Иван Ярыгин"-ы, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Ерыстæ æрбакæндзысты Красноярскы 26 январы.

Бикойты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бикойты Вадимы ног старт: ирон богал стох кæндзæн Уæрæсейы фыццагады

"Командæйы лидертæй иу у уæззау уæзы хæцæг, Европæйы чемпионаты призер Хуыгаты Алан. Нырмæ йын Ярыгины номыл турниры бантыст 2 сызгъæрин майданы рамбулын. Стыр ныфсытæ ма æвæрынц дунейы чемпион, 2017 азы дунеон ерысты æвзист призер Цæболты Хетæгæй. Йемæ иугъуызон уæзы — 74 килограммы онг сæ тыхтæ бавзардзысты дыууæ богалы Сидахъаты Зауырбег æмæ Хубецы Кахабер", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хъусинагæй ма бæрæг у, 86 кг уæзы дæр кæй архайдзæн æртæ ирон хъæбысхæцæджы.

Президент Южной Осетии Анатолий Бибилов выступил с речью на Международном турнире по вольной борьбе Аланы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: "Аланты" турнир суыдзæн "чысыл Олимпиаг хъæзтытæ"

Алы категорийы дæр Уæрæсейы иугонд командæйы уыдзæн фæйнæ 5 хъæбысæйхæцæджы. Зындгонддæр спортсментæ архайынц 86 килограммы уæзы: Уалыты Владислав, Кцойты Сослан, æмæ юниорты ерысты уæлахиздзау Найфонты Артур. Ирыстоны иугонд командæйы æппæты номдзыддæр минæвар та ныртæккæ у Европæйы чемпион, дунеон ерысты дыууæ хатты призер Гогаты Алан.

Афтæ ма ерысты архайдзысты Тускъаты Азæмæт, Зассеты Алан, Уалыты Радик, Чертхъоты Гурам æмæ Байцаты Владислав.

Гран-при "Иван Ярыгин-2018" бацыд хъæбысхæсты рейтингондæр ерысты нымæцмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0