Чысыл боксер: Гæджиты Гурамы 26 уæлахизы сусæг

© Sputnik / Плиты ФатимæГæджиты Гурам 25 хатты уæлахиздзау
Гæджиты Гурам 25 хатты уæлахиздзау - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гæджиты Гурам æппынæдзух уæлахизты фæстæ ссис дыккаг турнир "Юность России"-йы. 12-аздзыд чемпион радзырдта Sputnik бокс, ахуыр æмæ йæ фыццаг æвзисты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 7 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг æрыгон боксер Гӕджиты Гурам ӕхсæз азы дæргъы рамбылдта 26 сыгъзæрин майданы. Ӕрмӕст дзы ӕрӕджы чысыл азылд йӕ спортивон амонд — турнир "Юность России"-йы уый райста дыккаг бынат. Фӕлӕ уæлахизтыл буцахуыр лæппу æнцойад нæ ары æмæ бырсы ног бӕрзӕндтӕм.

Чысыл Гæджиты Гурам йæ царды æмбис цæры боксæй. Йæ спортивон хæзнадонмæ æрхаста 26 сыгъзæрин майданы æмæ нырмæ басаст нæ зыдта. У Цæгат Ирыстон —Аланийы фыццагады уæлахиздзау 48 кг уæзы, бирæнымæц æхсæнадæмон турнирты чемпион.

© Sputnik / Дзигойты Ацæмæзы архивæйГæджиты Гурам рамбылта сыгъзæрин майдан боксæй
Гæджиты Гурам рамбылта  сыгъзæрин майдан боксæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Гурам рамбылта сыгъзæрин майдан боксæй

Ацы ӕвзист Гурамы спортивон фæндагыл у фыццаг, уый дæр ын "схæлар" кодтой тæрхонгæнджытæ.

"Зæгъæн ис æмæ ацы фембæлды Гурам лæмæгъдæр нæ уыд, фæлæ йæ тæрхонгæнджытæ сӕвæрдтой дыккаг бынатыл. Гурам хъуамæ ӕнæмæнг афта Уæрæсейы фыццагадмæ — ныридæгæн нæхи цæттæ кæнæм Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæм, кæцытæ сты æвзарæн Уæрæсемæ", — дзуры йæ тренер Дзигойты Ацæмæз.

Чысыл боксер йæхæдæг дæр фæстаг ныхмæлæууæджы нымайы иууыл зынархайддæрыл, фæлæ йæ фыццаг цъæмæлыл уадиссаг нæ мæт кæны — лæппу æууæнды йæ тых æмæ удыхъæдыл.

"Юность России"-йы æрдæгфиналы стох кодтон цхинвайлагимæ, уый рамбылдтон. Финалы мæм æрхаудта зынархайд боксер, æз дæр фæстæ нæ лæууыдтæн, фæлæ тæрхонгæджытæ мæн сӕвæрдтой дыккаг бынатыл. Ныр та ма мын ис иу фадат Уæрæсейы фыццагадмæ афтынæн", — дзуры Гурам.

© Sputnik / Плиты ФатимæТренер Ацамаз Дзигоев с воспитанником Гурамом Гагиевым
Тренер Ацамаз Дзигоев с воспитанником Гурамом Гагиевым  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренер Ацамаз Дзигоев с воспитанником Гурамом Гагиевым
Гæджиты Гурам боксы секцимæ бахауд 6 азы кары. Фыццаг ӕй райста сывæллæтты скъолайы директор, тренер Кокойты Мурат. Цалдæр мæйы фæстæ уый рахызт Дзигойты Ацæмæзмæ, уæдæй нырмæ æнæфæхицæн тандем хæссы уæлахизтæ.

Мæллæг, сæртæг лæппу, чысыл кармæ æнæкæсгæйӕ, йæхицæн æрӕвæрдта приоритеттæ, уыдонæй сæйраг у бокс, уый фæстæ та ахуыр. Скъолайы йӕ уарзон предметтӕ сты ирон ӕвзаг æмæ литературæ, географи. Хæдзары лæппуйæн ис йæхи кады къул, фæлæ фатеры сис нырма æнхъæлмæ кæсы йæ сæйраг майдантæм.

"Сæйраг у олимпиаг сыгъзæрин, фæлæ уал уæдмæ хъæуы рамбулын Уæрæсейы чемпионат, Европæ æмæ дуне. Нырма мын разӕй стыр фæндаг ис, фæлæ йыл цымыдисон уыдзæн цæуын", — радзырдта лæппу.

Хæларзæрдæ, æфсæрмыгæнаг Гурамӕн ис йæхи принциптæ — хъус тренермæ, æдзух тренировкæ кӕн æмæ рингыл тæригъæд ма зон.

"Фæтæригъæд кæныныл нæ хъуыды кæнын. Рингыл иууылдæр ныхмæлæуджытæ стæм. Рамбулынæн æндæр фадат нæй. Уымæ гæсгæ сыл уадиссаг ма зæрдæ нæ риссы — мæ хæлар уа æви æцæгæлон", — банысан кодта уæлахиздзау.

© Sputnik / Дзигойты Ацæмæзы архивæй къамДзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамимæ
Дзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинаг  Гæджиты Гурамимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзигойты Ацæмæз йæ хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамимæ

Гурамӕн йæ иузæрдион уарзт боксмæ йӕ бинонтӕй не ʻмбары æрмæстдӕр йæ нана.

"Мæ нана Венера мын фæдзуры — исчи дæ амардзæн, науæд дын дæ сæр ныххойдзæн. Иннæтæ мын фæарфæтæ кæнынц, фæлæ уыдон дӕр мӕ тохтæм нæ цæуынц", — худы лæппу.

Ног хабӕртты лентӕ
0