Джиголаты Аланæ ссис теннисæй Цæгат Кавказы фыццагады призер

© Sputnik / Джиоты Мирамы архивæй къамДжиголаты Аланæ, ЦКФЗ бронзæйон призер
Джиголаты Аланæ, ЦКФЗ бронзæйон призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг чызг архайдта Цæгат Ирыстоны æмбырдгонды сконды

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Цхинвайлаг теннисисткæ Джиголаты Аланæ ссис Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады бронзæйон призер, фехъусын кодта Sputnik уæлдæр спортивон дæсныйады скъолайы уæлыстолы сæйраг тренер Джиоты Мириан.

Джиголаты Аланæ Цæгат Ирыстоны командæйы уæнг кæй у, уымæ гæсгæ йын уыд бар ацы ерысты стох кæнын.

"Ерыстæ цыдысты 2000 æзты гуырд спортсменты хсæн, Аланæ та у 2005 азы гуырд, фæлæ, кармæ æнæкæсгæйæ, ахъазыд хорз. Фыццагады командæ ссис æртыккаг", — загъта тренер.

Джиоты Мириан ма радзырдта, Аланæйæ дарддæр ма ноджы дыууæ цхинвайлаг спортсмены кæй сты æмбырдгонды сконды, фæлæ, хъыгагæн, сæ балц фæцъæмæл ис æндæр æмæ æндæр аххосæгты тыххæй.

Тренер бафтыдта, уыдон ныр та кæй цæттæ кæнынц 2003 азы гуырд спортсменты хсæн ЦКФЗ фыццагадмæ.

"Ам дæр та ногæй стох кæндзæн Джиголаты Аланæ æмæ ма йæм бамбал уыдзæн Гæбæраты Эдуард дæр", — банысан кодта уый.

2000 æзты гуырд спортсменты хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагад уæлстолы теннисæй цыд Кæсæг-Балхъары.

Ног хабӕртты лентӕ
0