Цæгат Иры фæбæрæг сты уæгъдибар хъæбысхæстæй фыццагады уæлахиздзаутæ

© Sputnik / Наталья АйриянУæгъдибар хъæбысхæстæй фыццагад Цхинвалы
Уæгъдибар хъæбысхæстæй фыццагад Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ 'взæрст æрцæудзæн командæ ЦКФЗ-ы фыццагады хайадисты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Спорты галуан "Манеж"-ы ивгъуыд улæфт бонты ацыд Цæгат Ирыстоны фыццагад уæгъдибар хъæбысхæстæй 2001-2002 азы гуырд спортсменты æхсæн, хъусын кæны республикæйы спорты министрад.

Бикойты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бикойты Вадимы ног старт: ирон богал стох кæндзæн Уæрæсейы фыццагады

Республикæйы фыццагады уæлахиздзаутæ ссисты: 42 кг — Багаты Руслан; 45 кг — Абачараев Давид; 48 кг — Макъоты Cослан; 51 кг — Багаты Михаил; 55 кг — Къизинты Дзамболат; 60 кг — Цхуырбаты Батраз; 65 кг — Гобозты Арсен; 71 кг — Хъарданты Магомед; 80 кг — Багаты Арслан; 92 кг — Плиты Ацамаз; 110 кг — Плиты Давид.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ, 'взæрст æрцæудзæн командæ ЦКФЗ-ы фыццагады хайадисты тыххæй, кæцы ацæудзæн апрелы Дзæуджыхъæуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0