Хъайтарты ном арынæн: цхинвайлаг баскетболисттæ стох кæндзысты турниры

© Sputnik / Алексей КовалевБаскетбол
Баскетбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чызджытæ æмæ лæппуты командæтты ʻхсæн тохтæ цæудзысты 24 - 27 марты

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæсивæды ʻхсæн ацæудзæн зынгхуыст хъайтартæ — Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты номарæн II турнир баскетболæй, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты пресс-службæйы.

Ирыстоны Хъайтартæн нывонд турнир баскетболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны Хъайтартæн нывонд турнир баскетболæй

Чызджытæ æмæ лæппуты командæтты ʻхсæн тохтæ цæудзысты 24 — 27 марты.

"Ерыстæ цæудзысты баскетболы официалон домæнтæм гæсгæ, кæцытæ фидар æрцыдысты Хуссар Ирыстоны баскетболы федерацийы. Призон бынæттæ цы командæтæ бацахсой, уыдон хицæн æрцæудзысты грамотатæ, майдантæ, кубоктæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Турнир уадзы Цхинвалы администрацийы дæлбар культурæ æмæ спорты управлени, æххуыс сын кæны фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет.

Турнир нывонд у Ирыстоны зынгхуыст хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕтæн, кӕцытӕ хъӕбатырӕй фӕмард сты 2008 азы гуырдзиаг-ирон хӕсты. Дыууӕ дӕр сӕ амӕлӕты фӕстӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты Хуссар Иры иууыл стырдӕр ӕфсӕддон хорзӕх — орден Уацамонгӕйӕ. Фæстæдæр хъавыдысты хъайтарты нæмттæ радтын Мæскуыйаг микрорайонты уынгтæн, фæлæ ацы фæнд официалон æгъдауæй нырма фидар не ʻрцыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0